Тыбылты Леонид бабӕрӕг кодта Эрцъойы хъӕу, цы ран ӕрцыд лӕгмард

© Sputnik / Ада БагианВид на село
Вид на село - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, лӕгмард ӕрцыд цардуагон бындурыл, ахст ӕрцыд азымгонд – амӕттаджы фырт. Хуссар Ирыстоны президент бабӕрӕг кодта, трагеди кӕм ӕрцыд, уыцы бинонты.

ЦХИНВАЛ, 9 сен — Sputnik. Тыбылты Леонид майрӕмбоны бацыд Дзауы районы Эрцъойы хъӕумӕ, цы ран амардтой хъӕуы цӕрӕг Тедеты Федоры. Президент ма бабӕрӕг кодта Тедейы фырты бинонты, загъта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Президентимӕ ма уыдысты прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг, Мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар ӕмӕ Дзауы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Чилӕхсаты Владимир.

"МХМ-ы оперативон-слестгӕнӕн къорд, прокуратурӕйы эксперттӕ ӕмӕ слестгӕнджытӕ фыдракӕнды бынаты ауагътой слестгӕнӕн мадзӕлттӕ. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, лӕгмард ӕрцыд цардуагон бындурыл. Ахст ӕрцыд азымгонд — амӕттаджы фырт Тедеты Валерий", — фехъусын кодта президентӕн Генпрокурор.

Президент бабӕрӕг кодта, трагеди кӕм ӕрцыд, уыцы бинонты ӕмӕ сын ракодта мӕсӕллӕй.

Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕрцахстой нӕлгоймаджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы амарыны хъуыддагмӕ

"Паддзахады сӕргълӕууӕг радта бардзырд хъуыддаджы ӕууӕлтӕ сахуыр кӕнын ӕмӕ алы версимӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсын. Ныфс бавӕрдта бинонтӕн, ацы хъуыддаг равзарыныл кӕй кусынц слестгӕнджытӕ ", — загъта Яновская.

Къуайсайы мидхъуыддӕгты хайадмӕ 8 сентябры бацыд хъусынгӕнӕн, фыд ӕмӕ фырт кӕй ацыдысты хъӕдмӕ суг цӕттӕ кӕнынмӕ ӕмӕ рӕстӕгыл не ′рцыдысты.

Фесӕфӕг нӕлгоймагты агурынмӕ ацыдысты Къуайсайы МХХ-ы кусджытӕ, кӕцытӕ майрӕмбоны райсомӕй Эрцъойы хъӕды ссардтой Тедеты Федоры мард буар тыхмарды миниуджытимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0