Консул: Думӕмӕ ӕвзӕрстыты ӕмгъуыдӕй раздӕр хъӕлӕскӕнынад райдыдта Хуссар Иры

© Sputnik / Алексей КовалевЦидаев Сослан Посольство России
Цидаев Сослан Посольство России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уыцы бон республикӕйы ӕрбайгом уыдзысты 12 ӕвзарӕн фадыджы – цыфӕнды ӕндӕр бӕстӕйӕ дӕр фылдӕр, алы ӕвзарӕгӕн дӕр фадат уыдзӕн уыдонӕй кӕцыфӕндымӕ дӕр бацӕуын ӕмӕ байдзаг кӕнын бюллетентӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik, Козаты Дианӕ. Уӕрӕсейы Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстыты фӕдыл хъӕлӕскӕнынад райдыдта къуырисӕры Хуссар Ирыстоны ӕмгъуыдӕй раздӕр. Хайад дзы исынц арӕнхъахъхъӕнджытӕ, дӕрддзӕф арӕнгӕсуӕтты службӕгӕнджытӕ, фехъусын кодта пресс-конференцийы Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы минӕварады консулон хайады гӕс Цидайты Сослан.

Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты 18 сентябры. Хуссар Ирыстон, кӕцы бафыст ӕрцыд Фӕсбайкалы ӕвзарӕн зылдмӕ, ӕрбайгом уыдзӕн 12 ӕвзарӕн фадыджы — дыууӕ дзы ӕвӕрд уыдзысты 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы территорийыл, дӕс та Цхинвал ӕмӕ республикӕйы районты. Ӕвзарӕн фадгуытӕ кусдзысты 18 сентябры 8.00 сахатӕй 20.00 сахатмӕ.

"Ӕмгъуыдӕй раздӕр хъӕлӕскӕнынад уагъд цӕудзӕн ӕртӕ боны мидӕг. Информаци иууылдӕр оперативонӕй лӕвӕрд цӕуы Уӕрӕсейы ЦӔК-ы центрмӕ, — загъта консул.

Уый ма загъта, ӕвзӕрстыты фадат кӕй ис хайад райсын Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕн ис уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад. Уыдонӕн сӕ бон у бацӕуын кӕцыфӕнды фадыгмӕ дӕр, ӕмӕ уӕрӕсейы ӕмбӕстагад бӕлвырдгӕнӕн документ ӕрбавдисыны фӕстӕ йӕ хъӕлӕс радта партийӕн ӕмӕ Читӕйы иумандатон зылдӕй депутаттӕм раразмӕгонд кандидатӕн.

Консул бамбарын кодта, республикӕ цӕмӕн ӕрцыд хаст Читӕйы зылдмӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иумандатон зылдты схемӕ фидар ӕрцыд дӕс азмӕ фарон ноябры. Уӕрӕсейы регионты цӕрджыты нымӕц у ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр — кӕцыдӕрты дзы ӕвзарджыты нымӕц у къаддӕр ӕнӕмӕнгхъӕуӕг 488 минӕй. Уымӕ гӕсгӕ уыцы зылдтӕм бахаст ӕрцыдысты фӕсарӕнты цӕрӕг уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕ.

Предвыборная агитация перед выборами в Госдуму РФ седьмого созыва - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Паддзахадон Думӕмӕ депутатты ӕвзардзысты 12 фадыгыл

Хъӕлӕс дӕттыны рӕстӕджы спайдагӕнӕн ис куыд УФ-йы ӕмбӕстаджы иумӕйагӕмбӕстагон паспортӕй, афтӕ фӕсарӕйнаг паспортӕй дӕр. Фадыджы ма ис гӕнӕн ӕрбавдисын 1974 азы ССР Цӕдисы паспорт дӕр, ӕрмӕст йемӕ хъуамӕ уа уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад бӕлвырдгӕнӕн гӕххӕтт.

"Политикон партиты ӕмӕ депутаттӕм кандидатты тыххӕй информаци иууылдӕр ӕвӕрд уыдзӕн сӕрмагонд стендтыл. Информаци ма базонӕн ис Интернетӕй дӕр, УФ-йы ЦӔК-ы сайтӕй дӕр. Чизоны, читӕйаг кандидаттӕй исчи 18 сентябры онг ӕрцӕуа Хуссар Ирмӕ ӕмӕ ауадза ӕвзарӕн кампани, фӕлӕ нырма минӕварады уый фӕдыл ницы информаци ис", — банысан кодта Цидайты Сослан.

Афтӕ ма абоны бонмӕ иу политикон парти кӕнӕ кандидат дӕр нӕ фехъусын кодтой, кӕй хъавынц Хуссар Ирмӕ сӕ цӕстдарджыты ӕрӕрвитын. Уыимӕ иумӕ сӕ ′нӕуӕвындзинад нӕ бандавдзӕн хъӕлӕсдӕттыны закондзинадыл.

"Ӕвзӕрстыты организацийы стыр ӕххуыс кӕнынц бынӕттон хицауад. Ӕвзарӕн фадгуыты ӕдасдзинадӕн дзуапп кӕндзысты республикӕйы барадхъахъхъӕнӕн органтӕ. Ӕвзӕрстытӕй бон раздӕр фадгуытӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты сгӕрст ӕмӕ ӕрцӕудзысты лӕвӕрд фадыгон ӕвзарӕн къамистӕм. Ӕвзӕрстыты бон МХМ-ы кусджыты хӕсдзысты радгӕсад ӕмӕ мах ныфс ис, алцыдӕр кӕй ацӕудзӕн ӕнӕ эксцесстӕй ", — загъта консул.

Хъӕлӕсдӕттынады организацийы хайад исынц 120 адӕймаджы. Ӕдӕппӕт республикӕмӕ ӕрцыд 20,5 мин бюллетены.

2012 азы 15 мин ӕвзарӕджы Хуссар Ирыстоны схъӕлӕс кодтой УФ-йы президенты ӕвзӕрстыты.

Уӕрӕсе ацы аз раздӕхт ӕмхӕццӕ ӕвзарӕн системӕмӕ: 225 депутаты ӕвзӕрст цӕуынц партион хыгъдтӕм гӕсгӕ, иу уыйас та — иумандатон зылдтӕм гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0