Цхинвайлаг боксер Дженыкъаты Роберт ссис Цæгаткавказаг ерысты уæлахиздзау

© Sputnik / Ада БагианМеждународный турнир по боксу к 25 независимости РЮО
Международный турнир по боксу к 25 независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры хуссарирыстойнаг боксертæ Цхуырбаты Алик æмæ Тыбылты Тамерлан райстой æвзист æмæ бронзæ майдантæ. Дарддæр та æрыгон боксертæ сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы фыццагады æвзарæн турнирмæ.

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг боксер Дженыкъаты Роберт ссис Валерий Поповы номыл турниры уæлахиздзау Минводты, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Хаситы Владислав.

"Роберт архайдта 60 килограммы уæзы категорийы, йӕхи иттӕг хорз равдыста ӕмӕ рамбылдта турниры сыгъзӕрин майдан", — загъта тренер.

Ерысты ма архайдта ноджы ӕртӕ хуссарирыстойнаг спортсмены, уыдонæй дӕр дыууӕ ссисты призертӕ.

Цхинвайлаг ӕрыгон боксертӕ ӕрхастой ӕртӕ сыгъзӕрин майданы Цӕгат Кавказы турнирӕй

"Хорз бæрæггæнæнтæ ма 60 кг уæзы категорийы равдыста нӕ аннæ æрыгон боксер Тыбылты Тамерлан дӕр, уый ссис æрыккаг бынаты хицау. Цхуырбаты Алик та, 54 килограммы уæзы архайгæйæ, бацыд æвзист призерты нымæцмæ", — бафтыдта Хаситы Владислав.

Ерыстæ цыдысты 7-10 сентябры Минводты, архайдтой дзы 150 æрыгон боксеры онг Цæгат Кавказы республикæтæй.

Цхинвайлаг боксерты тренер ма куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ныридæгæн та боксы скъолайы хъомылгæнинæгты цæттæ кæнынц Уæрæсейы фыццагады æвзарæн турнирмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0