Карсанты Маринӕ: мӕ хъӕбул мӕ рох кӕнын райдыдта

© Sputnik / Лана ПарастаеваКарсанты Марина
Карсанты Марина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕстаг ӕртӕ къуыри чысыл Радик ӕнӕ мадӕй цӕры скъола-интернаты. Ам уый ссардта ног ӕмбӕлтты, аразы фыццаг къахдзӕфтӕ ахуыры, ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ мад хӕдзары электрон цырагъ кӕд сцалцӕг кӕндзӕн ӕмӕ йӕ йӕхимӕ кӕд акӕндзӕн.

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Хъотайты Мария. Зассеты Радик ацы аз бацыд скъола-интернаты фыццаг къласмӕ. Ӕртӕ къуырийы размӕ сывӕллоны мадӕн тӕрхондон сарӕзта арӕнӕвӕрд йӕ барты ӕмӕ интернат Радикӕн ссис хӕдзар дӕр ӕмӕ скъола дӕр. Sputnik уацхӕссӕг бабӕрӕг кодта лӕппуйы интернаты.

Скъолайы нарӕг къӕлидорты згъорынц хурсыгъд сабитӕ. Уый ӕппӕт сывӕллӕтты ӕхсӕн хъомылгӕнӕг ӕрцахста Радикы къух, уый коммæгæсӕй алӕууыд сисы фарсмӕ ӕмӕ кӕсы агуыргӕнӕгмӕ. Радик — урс хӕдоны, сау хӕлафы ӕмӕ цъӕх къахыдарӕсы. Уый дзуры, цы дамгъӕтӕ райдыдта ахуыр кӕнын, кӕй йын фӕзынд ӕмбал Леня ӕмӕ райсомӕй аходӕн кӕй бакодта. Радикы зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц скъолӕйон ивындзинӕдтӕ, фадат ын кӕй фӕзынд ног ӕмбӕлттимӕ хъазын. Уый фӕстӕ йӕ цӕсгомыл аивылд мидбылхудт ӕмӕ радзырдта, хаттӕй-хатт ӕм кӕй ӕрбацӕуы йӕ мад. Фыццаг бонты-иу йӕ мады койӕ йӕ зӕрдӕ куыд суынгӕг, ныр афтӕ нал уыд.

"Мӕ мад мӕм ӕрбацӕуы кӕддӕрты. Ныртӕккӕ уый цӕры цавӕрдӕр хӕдзары Тъбеты хъӕуы. Хӕдзары йӕм рухс нӕй. Тынг бирӕ хъуыддӕгтӕ йын ис. Нырма уал хъуамӕ сцалцӕг кӕна электрон цырагъ ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ акӕндзӕн ", — дзуры Радик.

Уый фӕстӕ уый атагъд кодта йе ′мбӕлттимӕ хъазынмӕ.

Йӕ мад Маринӕ ӕрвылбон ӕрбацӕуы интернаты кӕртмӕ, цӕмӕй иу цӕстӕй фена йӕ хъӕбулы. Хаттӕй-хатт ын бантысы йемӕ аныхӕстӕ кӕнын. Ацы цыбыр фембӕлдтӕ хъомылгӕнинӕгтӕ нымайынц хорзыл. Уыдон ацы фембӕлдтыл ӕхгӕнынц сӕ цӕстытӕ, уымӕн ӕмӕ мады цӕссыгтӕ ӕмӕ йӕ мӕллӕг фӕлгонц интернатмӕ бахизӕны бадон кӕндзысты кӕйфӕнды зӕрдӕ дӕр.

"Райдыдта мӕ рох кӕнын. Ныр дӕр интернатӕй раздӕхтӕн. Ӕрвылбон дӕр ӕрбацӕуын уырдӕм ӕмӕ бадын бахизӕны бандоныл. Тӕрсын, бынтондӕр мын ӕй куы байсой, уымӕй, — дзуры Sputnik уацхӕссӕгӕн Маринӕ.

Ацы бонты уый рацыд симтоматикон басгӕрст психоневрологон диспансеры, рафыстой йын сабыргæнæг хостӕ.

"Рынчындоны мын загътой, кӕй мӕ хъӕуы ацӕуын дохтыртӕм Цӕгат Ирыстонмӕ. Ӕз ацӕудзӕн ӕмӕ схос кӕндзӕн, цӕмӕй мын Радикы раздахой фӕстӕмӕ ", — дзуры уый.

Сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Козаты Гульнарӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Маринӕйӕн ис фадат йӕ сывӕллоны хаттӕй-хатт уынын, фӕлӕ йын лӕппуйы, ӕвӕццӕгӕн, нал ратдзысты.

В Детском доме-интернате - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алайнаг епархи разы нӕу Карсанты Маринӕйӕн йӕ мады бартӕ байсынимӕ

"Уый йӕ фаг нӕ хордта, размӕ нӕ цыд, ӕхсӕвиуат кодта гом арвы бын. Мад ӕй сыгъдӕг нӕ дардта. Социалон службӕты кусджытӕ йын ӕмбарын кодтой, ахӕм уавӕрты кӕй нӕй гӕнӕн свывӕллон хъомыл кӕнын. Уый нӕ разы кодта сывӕллоны скъоламӕ раттын ӕмӕ йӕ хӕст кӕны хæтгæцардыл, кӕцы нӕ хъавы ивын ", — загъта ӕххӕстбарджын.

Уый нымайы, сывӕллоны ахӕм уавӕрты кӕй нӕ хъӕуы уадзын, уымӕ гӕсгӕ скъуыддзаг ӕрцыд лӕппуйы интернатмӕ снысан кӕнын, мады та психиатрон басгрстмӕ арвитын.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд сылгоймаг рынчын у, уӕддӕр "ын йӕ мады бартӕ исыны бындур нӕй, фӕлӕ ис аххосӕг сывӕллоныл йӕ бартӕн арӕнӕвӕрд скӕнын".
Радикы нӕй гӕнӕн йӕ мадӕй бынтондӕр фӕиппӕрд кӕнын, загъта скъола-интернаты координацион къласы психолог Гӕджиты Оксанӕ. Специалист радзырдта, зӕгъгӕ, сывӕллоны бӕстон басгӕрсты рӕстӕджы сбӕлвырд, сывӕллон кӕй у фӕстӕзад йӕ райрӕзты ӕмӕ йын йӕ аххосӕгыл нымайы социалон фактор.

"Авд аздзыдӕй Радик нӕ зоны элементарон ӕмбарынӕдтӕ. Йӕ бон нӕу исты предметы ном зӕгъын, нӕ хицӕн кӕны хуызтӕ. Уардитӕ йын йӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц зиан ӕмӕ уӕлмӕрд. Фыццаг хатт ӕй хъомылгӕнӕг психологы кабинетмӕ куы ӕрбакодта, уӕд тынг тарст уыд, лӕбурдта йын йӕ къухмӕ ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ ам ма ныууадза. Ӕз тынг арӕхстджынӕй бацыдтӕн нӕ зонгæдзинадмӕ. Фӕлӕ дыккаг хатт йӕхӕдӕг ӕрбалыгъд мӕ кабинетмӕ ӕмӕ йӕхи хорз ӕнкъары коллективон хъӕзтыты рӕстӕджы сывӕллӕтимӕ. Ахуыргӕнӕг, психолог, дефектолог ӕмӕ логопеды иумӕйаг куыстӕй уый тагъд баххӕст кӕндзӕн йӕ зонындзинӕдтӕ. Афтӕмӕй та зӕнджын сывӕллон у, уайтагъ алцӕуыл дӕр фӕхӕст вӕййы", — дзуры психолог.

Оксана нымайы, сывӕллонӕн кӕй нӕй гӕнӕн йӕ мадимӕ иудадзыг цӕрын, уымӕн ӕмӕ йӕ мады цардуаг ӕппӕрццагӕй кӕй ӕндавы сывӕллоныл. Фӕлӕ бынтондӕр фӕхицӕн кӕнын мад ӕмӕ сывӕллонӕн нӕй гӕнӕн.

"Сывӕллон хъуамӕ ӕмбӕла йӕ мадимӕ. Нырма бынтон не ′рцахуыр интернаты, ацы фӕмбӕлдтӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ уой къуыри дыууӕ хатты, фӕстӕдӕр сӕ ис гӕнӕн фӕарӕхдӕр кӕны. Уыдон пайда сты лӕппуйӕн. Уый бамбардзӕн, йӕ мад ӕй кӕй нӕ ныууагъта ӕмӕ йӕ кӕй хъӕуы ", — загъта психолог.

Маринӕйы психоневрологон хоскӕнынадмӕ кӕд арвитдзысты, уый нырма зын зӕгъӕн у, уымӕн ӕмӕ кӕд барвӕндонӕй нӕ ацӕуа, уӕд тӕрхондон хъуамӕ рахӕсса скъуыддзаг уый тыхӕй арвитын хос кӕнынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0