Парламенты президиум хорзыл банымадта РХИ ӕмӕ УФ таможнӕйон органты интеграци

© Sputnik / Алексей КовалевПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттӕ хорзыл банымадтой таможнӕйон къабазы дыууӕфарсон бадзырдты ратификаци ӕмӕ МХМ-ы информацион-координацион центры бындурӕвӕрд ӕмӕ архайды уагӕвӕрды фӕдыл закъӕттӕ.

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Козаты Дианӕ. РХИ таможнӕйон органты Уӕрӕсейы таможнӕйон органтимӕ интеграцийы ӕмӕ МХМ-ы иумӕйаг информацион-координацион центры бындурӕвӕрд ӕмӕ архайды уагӕвӕрды фӕдыл бадзырдты ратификацийы закъӕттӕ дыццӕджы хорзыл банымадта хуссарирыстойнаг парламенты президиум.

Документтӕ бафыст ӕрцыдысты ацы аз апрелы ӕмӕ июлы Мӕскуыйы.

"Таможнӕйон къабазы бадзырд нысан кӕны, 2020 азмӕ хуссарирыстойнаг таможнӕйон органтӕ кӕй бахиздзысты Евразиаг цӕдисы закъондӕттынадмӕ ӕмӕ таможнӕйон хъуыддаджы фӕдыл УФ закъондӕттынадмӕ. Уымӕй дарддӕр ма уый нысан кӕны, уадзӕн пункт "Уӕллаг Зӕрӕмӕджы" кӕй архайдзӕн иумӕйаг контроль", — загъта ӕддагполитикон ӕмӕ ӕхсӕпарламентон бастдзинӕдты фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Коцты Игорь, кӕцы рахаста фарст уынаффӕтӕм.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы ахсджиаг бадзырд ахъаз уыдзӕн хуссарирыстойнаг амалхъом адӕмы архайдӕн.

РХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ ӕмӕ УФ Мидхъуыддӕгты министрӕдтӕ сарӕзтой информацион-координацион центр

Президиумы уӕнгтӕ хорзыл банымадтой уынаффӕ, цӕмӕй фарст рахаст ӕрцӕуа депутатон корпусы ӕввахсдӕр рабадтмӕ. Уыцы рабадты рӕстӕджы ма ӕркӕсдзысты ИКЦ саразыны фӕдыл бадзырды ратификацийы закъоныпроектмӕ.

"Центры хӕслӕвӕрдтӕ сты — оперативон-нысаниуӕгджын информаци дих кӕнын, дыууӕ бӕстӕты территорийыл фыдракӕндтӕ чи сарӕзта, уыцы адӕмы агуырд, организацигонд фыдгӕнон къордты тыххӕй сӕрмагонд базӕты сырӕзт ӕмӕ афтӕ дарддӕр ", — банысан кодты Коцты Игорь.

Дыууӕ бадзырд дӕр сты уӕлӕмхасӕнтӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн интеграци ӕмӕ ӕмцӕдисады фӕдыл Бадзырдмӕ, кӕцы дыууӕ бӕстӕты президенттӕ бафыстой 2015 азы марты.

Ног хабӕртты лентӕ
0