Хуссар Ир йӕхи цӕттӕ кӕны Республикӕйы бонмӕ

© Sputnik / Ада Багиан25 лет независимости РЮО
25 лет независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног къуыри Хуссар Ирыстоны банысан кæндзысты ӕртӕ бӕрӕгбоны - 19 сентябры у Паддзахадон тырысайы бон, 20 сентябры - Республикӕ расидтыл 26 азы сӕххӕст æмæ 21 сентябры та Фырсыгъдӕг Мадымайрæмы Райгуырды бæрæгбон.

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй хицауады æмбырды Цхинвалы æруынаффæ кодтой æрбалæугæ бæрæгбæтты бӕрзонд ӕмвӕзадыл банысан кæныны нывæзтыл.

Ног къуыри Хуссар Ирыстоны банысан кæндзысты ӕртӕ бӕрӕгбоны — 19 сентябры у Паддзахадон тырысайы бон, 20 сентябры — Республикӕ расидтыл 26 азы сӕххӕст æмæ 21 сентябры та Фырсыгъдӕг Мадымайрæмы Райгуырды бæрæгбон.

19 сентябры цытджын уавæры сисдзысты Хуссар Ирыстоны паддзадон тырысайыл. Театралон фæзуаты ныридæгæн арæзтадон куыстытæ кæй цæуынц, уымæ гæсгæ тырысайыл схæцыны бынат ахастой æндæр бынатмæ. Флагштокы бæрзæнд уыдзæн 30 метры бæрц, тырысайы дæргъ та 12 метры.

Ацы бон ма республикæйы боны цытæн бæрӕгбонон мадзæлттæ ацæудзысты республикæйы районты.

"Районты мадзæлттæ рахастам 19 сентябрьмæ, цæмæй республикæйы бонæн нывонд мадзæлтты хайад райсой республикæйы æппæт цæрджытæ дӕр", — банысан кодта паддзахады сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Зассеты Жанна.

19 сентябры ма паддзахадон телеуынынады эфиры æвдыст æрцæудзысты ирон режиссер Уалыты Владимиры ист 6 кинонывы, кæцыты æвдыст цæуы Хуссар Ир алыврсонӕй.

25 лет независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны скъуыддзаг кӕнынц парад ауадзыны бынат

Ацы бон æмбæлын райдайдзысты, Хуссар Ирмæ цы бирæнымæц уазджытæ цæуа, уыдоныл дӕр. Бæрæгбонон мадзæлттæм хуын цæуынц Днестыргæрон —молдаваг республикæ, Абхаз, Хæххон Карабах, Уæрӕсе æмæ æндæр бӕстӕтæй.

Республикæ расидыныл 26 азы сӕххæсы цытæн сæйраг бæрæгбонон мадзæлттæ райдайдзысты 20 сентябры. Цхинвалы ацæудзæн æфсæддон парад æнæ техникæйæ.

Ныридæгæн театралон фæзуаты арæзтадон куыстытæ кæй цæуынц, уымæ гæсгæ парад уыдзæн æндæр уынгыл. Гæнæн уæвгæ бынæтты хсæн ис: Хетæгкаты Къостайы уынг, Цхуырабаты Гурамы номыл стадион, Хъайтарты уынг, Мæскуыйы уынг æмæ æндæр бынӕттæ.

"Ацы бæрæгбонæн ис сæрмагонд бынат нæ царды. Мах æмæ йæ сæр нывондæн нæ бæстæйы сæрвæлтау чи ӕрхаста, уыдон æнустæм сæвæрдтой нæ республикæйæн бындур. Абон стæм хæдбар сæрибар æмæ сæйраг та нымад паддзахад æмæ хъуамæ бæрнон ахаст уа Республикæйы бон банысан кæнынмæ", — загъта æмбырды рæстæджы президент.

20 сентябры бæрæгбонон мадзæлтты иу хай ацæудзæн Къостайы хъæуы. Ирон æфсинтæ ерыс кæндзысты хуыздæр уæлибыхтæ скæныны хъуыддаджы, ам фенæн уыдзæн хицæн районтӕй мыдтæ, бæгæны æмæ ирон къæбицы хæринæгтæ. Ерыстæ цæудзæн фат æмæ æрдынæй æхсынæй, цæудзысты, хосгæнæн кæрдæджыты æууæлтæ чи зоны, уыдон ӕхсӕн ерыстæ дӕр, афтӕ ма халамæрзæнæй кусын, фæрæтæй архайын æмæ бирæ æндæр цымыдисон мадзæлттæ.

Бæрæгбоны цытæн мадзӕлттæ балхынцъ кæндзысты фольклорон коллективтæ "Къона", "Уацамонгæ", "Амонд" æмæ "Шатана"-йы концерт æмæ ирон хъазтæй ӕмӕ фейерверкӕй.

21 сентябры та республикӕйы цӕрджытӕ банысан кӕндзысты Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы Райгуырды бон. Бӕрӕгбоны цытӕн Хуссар Ирыстоны аргъуанты уагъд ӕрцӕудзысты Хуыцаумӕскуывдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0