Ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры ӕнтыстджынӕй рацыдысты быдырон ахуыртӕ

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæТактические занятия мотострелковой бригады ЮВО
Тактические занятия мотострелковой бригады ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырты хайад райстой 11 минӕф фылдӕр ӕфсӕддоны ӕмӕ 2 минӕй фалдӕр ӕфсӕддон техникӕ ӕмӕ хотыхтӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы артиллеристтӕ ӕмӕ ракетӕӕхсджытӕ ӕнтыстджынӕй фесты быдырон ахуыртӕ, кӕцытӕ уыдысты Хуссар ӕфсӕддон зылды (ХӔЗ) лагерон сборты хай, хъусын кӕны ӕртыццӕджы ХӔЗы пресс-службӕ.

На полигоне в Астраханской области проведен боевой пуск ракеты из комплекса Искандер-М - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ракетчиктӕ Цӕгат Иры фӕцӕф кӕндзысты нысӕнттӕ Астраханы областы

Масштабон мадзалы рӕстӕджы, кӕцыйы архайдтой 11 минӕй фылдӕр ӕфсӕддоны, ӕххӕст ӕрцыдысты цыппар минӕй фылдӕр ӕхсӕн хӕслӕвӕрды, 160-йӕ фылдӕр тактикон ӕмӕ тактико-сӕрмагонд ахуыртӕ. Хуссар Ирыстоны базӕтӕй дарддӕр ма быдырон рацыдтӕ ӕххӕст цыдысты 19 полигоныл, кӕцытӕ дислокацигонд сты Хуссар, Цӕгат-Кавказаг ӕмӕ Хъырымаг федералон зылдты, афтӕ ма Абхаз ӕмӕ Сомихстоны уӕрӕсейаг базӕты.

"Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕнтыстджынӕй фесты ракетӕйон ӕфсад ӕмӕ артиллерийы лагерон сбортӕ. Хайад сӕ райстой 11 минӕф фылдӕр ӕфсӕддоны ӕмӕ 2 минӕй фылдӕр ӕфсӕддон техникӕ ӕмӕ хотыхтӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Артиллеристтӕ ӕмӕ ракетӕӕхсджытӕ ӕххӕст кодтой хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ аскъуыддзаг кӕныны ног формӕтӕ ӕмӕ амӕлттӕ, кӕцытӕ здӕхт уыдысты мотоӕхсӕн ӕмӕ танкӕйон дӕлхайӕдтӕн ӕххуысмӕ ӕрацӕуынмӕ. Уымӕй дарддӕр ма артиллеристтӕ ӕххӕст кодтой дӕрддзӕф нысанмӕ ӕхсыны хӕслӕвӕрдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0