Хуссар Иры арӕн Гуырдзыстонимӕ дыууӕ боны уыдзӕн ӕхгӕд

© Sputnik / Ада БагианПункт упрощенного пропуска в Синагуре
Пункт упрощенного пропуска в Синагуре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕн ӕрӕхгӕндзысты Республикӕйы боны цытӕн нывонд мадзӕлтты рӕстӕджы ӕдасдзинад сифтонг кӕныны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕрӕхгӕндзӕн йӕ арӕн Гуырдзыстонимӕ дыууӕ бонмӕ, Республикӕйы боны цытӕн нывонд мадзӕлтты рӕстӕджы ӕдасдзинад сифтонг кӕныны нысанӕн, фехъусын кодтой Sputnik Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы.

25 лет независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир йӕхи цӕттӕ кӕны Республикӕйы бонмӕ

Иууыл нысаниуӕгджын паддзахадон бӕрӕгбӕттӕй иуы цытӕн мадзӕлттӕ уагъд цӕудзысты цалдӕр боны дӕргъы республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты.

"Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны паддзахадон арӕныл уадзӕн пункттӕ ӕрӕхгӕндзысты 17 сентябры 20.00 сахатӕй 19 сентябры онг. Ахӕм уынаффӕ ӕрцыд ист, Республикӕ расидыны боны цытӕн нывонд мадзӕлтты рӕстӕджы ӕдасдзинад сифтонг кӕныны тыххӕй", — банысан кодтой ПӔК-ы.

Уадзӕн пункттӕ ӕрвылбонон режимы скусдзысты 19 сентябры райсомӕй.

Хуссар Ирыстоны 20 сентябры нысан кӕнынц Республикӕ расидыныл 26 азы сӕххӕсты бон. Ацы бон, 1990-ӕм азы Сӕйраг Совет расидт Хуссар Ирыстоны советон демократон республикӕйы сырӕзт Советон Цӕдисы сконды.

Ног хабӕртты лентӕ
0