УФ Финмин: 2019 азмӕ Хуссар Ирӕн ӕххуысы бӕрц схиздзӕн 7,9 млрд соммӕ

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæМинистерство финансов РФ
Министерство финансов РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг финансон уагдон ныммыхуыр кодта фыстӕг 2017-2019 ӕзты Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн финансон ӕххуысы цифрӕтимӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik. Уӕрӕсе 2019 азы онг рахицӕн кӕндзӕн Хуссар Ирыстонӕн финансон ӕххуысы хуызы 7,9 млрд сомы, дзырдӕуы УФ Финансты министрады сайтыл ныммыхуыргонд фыстӕджы.

Ахӕм уагӕвӕрд ис фыстӕджы пункт "Паддзахадон программӕ "Ӕддагполитикон архайд"-ы.

Документмӕ гӕсгӕ, 2017-2019 азтӕн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты нысанӕн финансон ӕххуыс бакӕнынӕн бюджеты ӕрцӕудзӕн ӕвӕрд 4, 6 млрд сомы.

Инвестпрограммӕмӕ гӕсгӕ 2017 азы Хуссар Ирыстонӕн рахицӕн ӕрцӕудзӕн ӕртӕ миллиард сомы.

РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Премьер: УФ сæххæст кодта йӕхимæ райстгонд хæстæ РХИ финансон ифтонгады фæдыл

Фыстӕджы ма нысан цӕуы, уыцы нысанӕн уӕрӕсейаг бюджетӕй Абхазӕн рахицӕн кӕй ӕрцӕудзӕн авд миллиард сомы.

2014 азы кӕрон Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстон сфидар кодтой ӕртӕазон Инвестпрограммӕ 2015-2017 азтӕн. Документмӕ гӕсгӕ республикæйы хъуамæ арæзт æрцæуой 31 объекты. Ацы нысæнттæн рахицæнгонд æрцæудзæн фараст миллиард сомы — фæйнæ æртæ миллиард сомы æрвылаз.

Уымӕй дарддӕр ма, Уӕрӕсе ӕрвылаз кӕны финансон ӕххуыс Хуссар Ирыстонӕн куыстмыздтӕ, пенситӕ, пособитӕ фидынӕн, паддзахадон организацитӕ дарынӕн. Ацы аз республикӕйы бюджет уыд 8,9 млрд сомы (уый нымӕцы 2016 азы инвестпрограммӕ), уыцы фӕрӕзтӕй 92%-ӕй фылдӕр рахицӕн ӕрцыд уӕрӕсейаг бюджетӕй, 7,8% та сты республикӕйы сӕрмагонд ӕфтиӕгтӕ.

Фарон республикӕйы паддзахадон бюджеты гуырахст инвестпрограммӕимӕ иумӕ уыд 7,3 млрд сомы, Хуссар Ирыстонӕн финансон ӕххуыс бакӕнынӕн уӕрӕсейаг бюджетӕй рахицӕн ӕрцыд 6, 6 млрд сомы.

Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон нысæнæн рахицæнгонд æрцæудзæн фараст миллиард сомы — фæйнæ æртæ миллиард сомы æрвылаз.

Ног хабӕртты лентӕ
0