ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй хорзыл банымадтой дыууӕ бӕстӕты таможнӕйон органты фӕдыл Уӕрӕсеимӕ бадзырды ратификацийы ӕмӕ МХМ-ы иумӕйаг информацион-координацион центры бындурӕрӕвӕрд ӕмӕ архайды тыххӕй законыпроекттӕ.
Документтӕ бафыст ӕрцыдысты ацы аз апрелы ӕмӕ июлы Мӕскуыйы.
Таможнӕйон комитеты сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Мурӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, таможнӕйы фӕдыл бадзырд сӕрибар кӕны амалиууӕггӕнджыты уӕрӕсейаг базайрагӕн фиддонтӕ фидынӕй. Уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг таможнӕйон минӕвӕрттӕ кусдзысты иумӕйаг уадзӕн пункты.
"Хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг таможнӕйон кусджытӕ кусдзысты иу командӕйы. Ома, уадзӕн пункты иу хатӕны баддзӕн хуссарирыстойнаг таможнӕйон кусӕг, йӕ фарсмӕ хатӕны та —уӕрӕсейаг. Ӕмӕ бахъуыды рӕстӕджы нӕ амалиуӕггӕнджытӕн уыдзӕн фадат уыдонмӕ бахатын. Таможнӕйон фиддонтӕй ссӕрибар кӕныны хъуыддаг у тынг стыр къахдзӕф", — загъта Цхуырбаты Мурӕт.
Уый ма загъта, ӕнӕаивгӕ кӕй у ӕрбаласгӕ уаргъы деклораци кӕнын, цалынмӕ амалиуӕггӕнджытӕ ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документаци ӕмӕ лицензитӕ аразой, уӕды онг.
Уый ма бамбарын кодта, зӕгъгӕ, машинӕтӕн рӕстӕгмӕ баласты документ (ввоз) дӕр баззайдзӕн ӕнӕаивгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ ацы домӕн фидаргонд у уӕрӕсейаг закъондӕттынады алы фӕсарӕйнаг бӕстӕты машинӕтӕн дӕр.
"Ам ӕппындӕр ницы проблемӕ ис. Баласт лӕвӕрд цӕуы ӕрдӕгазы ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ машинӕйы хицау ацы рӕстӕджы сӕрибарӕй рацу-бацу кӕны дыууӕрдӕм дӕр. Ис фадат баласт иу азӕн дӕр райсын, уӕд фӕлӕ уӕд машинӕйы ӕвгтӕй рафтауын хъӕуы тонировкӕ", — бафиппайдта Таможнӕйон комитеты сӕргълӕууӕг.
Дыккаг бадзырды фӕдыл уынаффӕты рӕстӕджы, Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар банысан кодта, уый здӕхт кӕй у фыдгӕнджыты агуырды ӕмӕ оперативон информаци дих кӕныны хъуыддаджы фӕдыл куыст фӕэффективондӕр кӕнынмӕ.
Фарст ссис уынаффӕты аххосаг закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Олеся ӕмӕ хицауады минӕвар парламенты Гобозты Вячеславы ӕхсӕн.
Коцты Олеся ӕрлӕууын кодта депутатты зӕрдыл, райсгӕ законыпроект фидаргонд кӕй нӕу нормативон акттӕй, кӕцытыл хъуамӕ бакуса ӕххӕстгӕнӕн хицауад.
"Райдианы документты пакеты уыд ацы нормативон актты ранымад, кӕцытӕ ӕрбавдыст не ′рцыдысты. Ацы законыпроекттӕ хъуамӕ ӕрцӕуой баххӕст нормативон акттӕй. Мах хъӕуы гарантитӕ, хицауад ӕввахс рӕстӕджы кӕй бацӕттӕ кӕндзӕн нормативон документтӕ", — загъта Коцты Олеся.
Гобозты Вячеслав та загъта, ацы документтыл бакусын кӕй у депутаттӕн сӕхи бон дӕр.
Дӕргъвӕтин уынаффӕты фӕстӕ, депутаттӕ сратификаци кодта бадзырд, парламенты спикер та радта рекомендаци хицауадӕн куыд цыбырдӕр ӕмгъуыдмӕ документты цух базӕ бацӕттӕ кӕнын.