Ног аргъуаны дзӕнгӕрджытӕ ӕрхондзысты ленингойрӕгты Мадымайрӕмы бонмӕ

© Sputnik / Александр Поготов /  Ахизын медиабанкмæПразднование Троицы в Ростове-на-Дону
Празднование Троицы в Ростове-на-Дону - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы районы уӕлдай ахсджиагдӕр уыд Алайнаг епархийы куыст сӕндидзын кӕнын. Ленингор бирæ рæстæг уыд Гуырдзыстоны æндæвдады бын ӕмӕ епархийы динамонджытӕн нӕ уыд фадат ацы районы нӕдӕр аргъуантӕ аразынӕн, нӕдӕр Хуыцаумӕскуывдтӕ уадзынӕн. Ныр проблемӕ иуварс ӕрцыд.

ЦХИНВАЛ, 14 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фырсыгъдӕг Мадымайрæмы Райгуырды бæрæгбоны Ленингоры поселочы Хуыцаумæ скуывдтæ айзæлдзысты ног арæзт аргъуаны, фехъусын кодта журналисттимӕ йӕ фембӕлды рӕстӕджы Алайнаг епархийы динамонæг, фыд Иаков (Хетæгкаты).

Ныры онг Ленингоры районы Алайнаг епархийӕн нӕ уыд аргъуан. Райцентры ис гуырдзиаг аргъуан, уæрæсейаг æфсæддонты базæйы территорийыл дӕр арӕзт ӕрцыд аргъуан. Ныр ацы рæстдинон кувæндæттæм бамбал уыдзæн Алайнаг епархийы аргъуан дӕр.

"Фырсыгъдӕг Мадымайрæмы Райгуырды номыл аргъуан цытджын уавæры бакæндзыстӕм 21сентябры. Боны æмбисы нӕ епархийы динамонджытæ уым ауадздзысты донаргъуыды скуывд", — загъта фыд Иаков.

© АЛАЙНАГ ЕПАРХИЙЫ ПРЕСС-СЛУЖБӔНог арӕзт аргъуан Ленингоры
Ног арӕзт аргъуан Ленингоры   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног арӕзт аргъуан Ленингоры

Алайнаг епархийы нысаниуæгджын бонмӕ — ног аргъуаны бакондмæ æмæ Фырсыгъдæг Мадымайрæмы Райгуырды бæрæгбонмæ Ленингормӕ æрцӕудзысты бирæ уазджытæ, се ‘хсæн меценаттæ, спортсментæ, зарæггæнджытæ.

"Бæрӕгбоны цытæн Ленингоры ацæудзæн гуырахстджын мадзæлттæ, Хуыцаумæскуывдтæ. Аргъуанон грамотӕтæй схорзӕх кæндзыстæм, ацы сыгъдӕг бынат саразын кæй фæрцы бантыст, уыцы адæмы", — бафтыдта динамонæг.

Уый банысан кодта, ацы районы уӕлдай ахсджиагдӕр кӕй уыд Алайнаг епархийы куыст сӕндидзын кӕнын.

Къуаисайы ӕрдӕгарӕзт аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алайнаг епархи кӕронмӕ бакӕндзӕн Къуаисайы ӕрдӕгарӕзт аргъуаны куыстытӕ

Ленингор бирæ рæстæг уыд Гуырдзыстоны æндæвдады бын ӕмӕ епархийы динамонджытӕн нӕ уыд фадат ацы районы нӕдӕр аргъуантӕ аразынӕн, нӕдӕр Хуыцаумӕскуывдтӕ уадзынӕн. Ныр проблемӕ иуварс ӕрцыд.

Арӕзтад Ленингоры центры райдыдта апрелы мӕйы, у æхсæзуæладзыгон хæдзары бæрзӕндӕн æмæ дзы æмрæстæджы цæуы 100 адæймаджы онг. Аргъуаны фондз дзæнгæрæджы та сиддзысты районы рæстдинонтæм Хуыцамæскуывдтæм æмæ бæрæгбæттæм.

"Аргъуанæн ис тымбыл формæ, у аст дидинсыфы хуызы. Фон дзæнгæрæджы нын кӕд фыццаг нывæзты нæ уыдысты, уæддæр фæстагмæ æруынаффæ кодтам æмæ афтӕ аскъуыддзаг кодтам. Сæвæрдтам дзы уазнывты сис", — радзырдта фыд Иаков.

Аргъуаны арӕзтады финансон хӕрдзтӕ сӕхимӕ райстой Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ Кӕркуысты Дзамболат ӕмӕ Уанеты Ӕхсар.

© Алайнаг епархийы пресс-службӕНог арӕзт аргъуан Ленингоры
Ног арӕзт аргъуан Ленингоры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног арӕзт аргъуан Ленингоры

Ног аргъуаны бакондимӕ районы рæстдиноты донаргъуыд райсынмæ Цхинвалмæ нал хъæудзæн цæуын — уыдоныл динамонджытӕ аргъаудзысты бынаты.

"Фæстæдæр епархийы динамонджытæн сараздзыстæм ранывæзт æмæ-иу радгай уадздзысты Чысангомы Фырсыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны Хуыцаумæскуывдтытæ æмæ аргъуыдтӕ", — загъта динамонӕг.

Алайнаг епархийы фæнды ма ис республикæйы аннæ районты дæр саразын æнгæс аргъуантæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0