Хуссар Иры фæсивæд ӕрбамбал сты ӕхсӕнадӕмон донорон акцимӕ

© Sputnik / Руслан ТадтаевДоноры Южной Осетии
Доноры Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Туг раттын уыйбæрц æрыгон чызджытæ мæ лæппуты бафæндыд, æмæ дзы алкæмæн фадат дæр нæ фæцис.

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фæсивæд ӕрбамбал сты донорты æхсæнадæмон акцимӕ "Вместе спасем жизни". Студенттæ, фæсивæдон организациты минæвæрттæ равдыстой сæ цæттæдзинад акцийы хайад райсынмæ ӕмӕ ссыдысты Цхинвалы соматикон рынчындонмӕ.

"Ацы акцийы тыххæй мах базыдтам Кæсæг-Балхъары республикæйæ æмæ йӕ сфæнд кодтам Ирыстоны дæр ауадзын. Акцийы хайдисджытæн сæ активон позицийы тыххæй лæвар кæнæм къухылдарæнтæ", — радзырдта мадзалы организатортæй иу Цхуырбаты Людвиг.

Туг дæттынмæ рынчындоны къæсæрæй чи бахызт, уыдоны фылдæр бæрц сты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ.

"Ацы акцийы тыххæй нæ студенттæ куы базыдтой, уæд сæ алкæй дæр бафæндыд туг раттын. Фæлæ уый æппæт туджы хъуагдзинад республикæйы нæй, уымæ гæсгæ рынчындонмæ æрбацыд студентты иу къорд", — банысан кодта ХИПУйы лектор Мамиты Бэлла.

© Sputnik / Руслан ТадтаевТуг дæттынмæ рынчындонмæ чи бацыд, уыдоны фылдæр бæрц сты ХИПУйы студенттæ
Туг дæттынмæ рынчындонмæ чи бацыд, уыдоны фылдæр бæрц сты ХИПУйы студенттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/1
Туг дæттынмæ рынчындонмæ чи бацыд, уыдоны фылдæр бæрц сты ХИПУйы студенттæ
1/1
Туг дæттынмæ рынчындонмæ чи бацыд, уыдоны фылдæр бæрц сты ХИПУйы студенттæ

Республикон рынчындоны туг исыны хайады кусджытæ фæсивæды ацы хъæппæрисыл сæмбæлдысты райзæрдæйæ. Хистæр медицинон хо Джиоты Альбинайы ныхæстæм гæсгæ, тыхст рæстæджы ирон адæм кæнфæндыдæр кæрӕдзи фарсмæ лæууынц æмæ рынчындон туджы хъуагдзинад не ‘ййафы, фæлæ кæстæр фæлтæры ахæм бæрнон ахаст нымайы зæрдæмцæугæйыл.

"Куыддæр тугæй фæтыхсæм, афтæ рынчыны хиуæттæ уайтагъд фæзынынц туг дæттынмæ, медиктæ сæхæдæг дæр фæстæ нæ фæлæууынц, æнæаргъæй дæттынц туг. Стæм къорды туг кæмæн вæййы, уыдонæн æххуысмæ та Мидхъуыддæгты æмæ Хъахъхъæнынады министрæдты куысджытæ æрбагуылф кæнынц", — загъта медицинон кусæг.

Ӕхсæнадæмон акци "Вместе спасем жизни" цæуы куыд Уæрæсейы регионты, афтӕ фӕсарӕнты дӕр ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта мингай фӕлмӕнзӕрдӕ адӕмы.

Ног хабӕртты лентӕ
0