ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕрӕсейаг исады (Росимущество) территориалон управленийы сӕргълӕууӕг Цӕбиты Алан ӕрцыд ахст, уымӕ зӕрдӕ ӕхсайы 61 млн сомы бӕрц ӕхца адавынмӕ завод "Разряд"-ы зӕхх ауӕй кӕныны рӕстӕджы, фехъусын кодта ратӕдзӕн барадхъахъхъӕнӕн органты.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, чиновникы ӕрцахстой дыццӕджы, стӕй йын йӕ ахсты ӕмгъуыд адарддӕр кодтой ноджы 72 сахатмӕ.
"Уымӕ зӕрдӕ ӕхсайы йӕ кусӕгон барты сӕрты ахизыны ӕмӕ 61 млн сомы ӕхца бааууон кӕныны хъуыддагмӕ завод "Разряд"-ы зӕхх ауӕй кӕныны рӕстӕджы 2013 азы. Ацы бадзырд зиан радта 390 млн сомы бӕрц", — загъта агентады дзырдӕмбал ӕмӕ банысан кодта, заводы зӕхх уӕй кӕй ӕрцыд 82 млн сомыл.
Уый ма банысан кодта, хъахъхъӕнынадон куыстуаты ӕххӕстгӕнӕн директор Гӕззаты Руслан кӕй ис хӕдзарон ахӕсты, хуыснæгдзинадмӕ йӕм зӕрдӕ кӕй ӕхсайы, уый тыххӕй.
Цӕгат Ирыстоны завод "Разряд" ис паддзахадон корпораци "Ростех"-ы сконды, куыстуаты продукцийӕ пайда цӕуы хъахъхъӕнынадон-сӕудӕджерадон комплексы. Ацы августы республикӕйы ӕмӕ "Ростех"-ы къухдариуӕгад фехъусын кодтой, кӕй фӕнд кӕнынц заводы кондадон хъомыстӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнын.