УФ æфсæддонтæ Хуссар Иры хайад райсдзысы хъæлæсдæттыны иумæйаг боны

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæВоеннослужащие 4-й военной базы во время упражнений по строевой подготовке
Военнослужащие 4-й военной базы во время упражнений по строевой подготовке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ХӔЗ базæты Хуссар Ирыстон, Абахаз æмæ Сомихстоны бакæндзысты 21 æвзарæн фадыджы.

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæгæнджытæ, сæ бинонтæ æмæ базæйы персонал хайад райсдзысты хъæлæсдæттыны, хъусын кæны Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.

Подготовка избирательных участков к голосованию - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ минӕвар: Хуссар Иры алцыдӕр цӕттӕ у Думӕмӕ ӕвзӕрстытӕм

Банысан æрцыд, Хуссар æфсæддон зылды базæты Хуссар Ир, Абхаз æмæ Сомихстоны æфсæддон службæ чи хæссы, уыдон кӕй схъæлæс кæндзысты 21 æвзарæн фадыджы сæ базæты территоритыл.

Ӕдӕппæтæй та Хуссар æфсæддон зылды 18 сентябры æвзæрстыты хайад райсдзæн 12 мин æфсæддоны, сæ бинонтæ æмæ базæты персонал.

"Ӕмбӕстӕгты фылдæр нымæц спайда кæнынц сæ конституцион бартæй æфсæддон хайы дислокацимæ хæстæг гом æвзарæн фадгуыты", — дзырдæуы хъусинаджы.

Уæрæсейы Паддзахадон думæмæ æвзæрстытæ ацæудзысты хъæлæскæныны иумæйаг бон 18 сентябры æмхæццæ системæмæ гæсгæ: 225 депутаты равзардзысты партиты номхыгъдтæм гæсгæ æмæ 225 та мажоритарон системæмæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0