УФ минӕвар: Хуссар Иры алцыдӕр цӕттӕ у Думӕмӕ ӕвзӕрстытӕм

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæПодготовка избирательных участков к голосованию
Подготовка избирательных участков к голосованию - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг минӕвар райста хайад президентмӕ ӕмбырды, цы ран уынаффӕ кодтой Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстыты фӕдыл хъӕлӕсдӕттын бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ ауадзыны фарстытыл.

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны алцыдӕр цӕттӕ у Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ ауадзынмӕ, загъта УФ-йы минӕвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрус республикӕйы президентмӕ ӕмбырды рӕстӕджы, цы ран уынаффӕ кодтой хъӕлӕсдӕттын ауадзыны фарстытыл.

РХИ президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ӕмбырдыл Къарджиаты Эльбрус банысан кодта, ӕвзӕрстытӕм цӕттӕ кӕныны рӕстӕджы уӕрӕсейаг минӕварад активонӕй кӕй куыста республикӕйы къухдариуӕгадимӕ.

"Ӕвзӕрстыты бон алы ӕвзарӕгӕн дӕр лӕвӕрд цӕудзӕн фӕйнӕ дыууӕ бюллетены. Иуыл дзы хъӕлӕс кӕндзысты партитӕн, иумандатон бюллетеныл та ӕвдыст уыдзӕн Читӕйы ӕвзарӕн зылды номхыгъд", — загъта минӕвар.

Президент Тыбылты Леонид равдыста ныфс, иумӕйаг тыхтӕй ӕвзӕрстытӕ Хуссар Ирыстоны кӕй ацӕудзысты бӕрӕгбонон уавӕры, закондӕттынадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ бӕрзонд организацион ӕмвӕзадыл.

Цидаев Сослан Посольство России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Консул: Думӕмӕ ӕвзӕрстыты ӕмгъуыдӕй раздӕр хъӕлӕскӕнынад райдыдта Хуссар Иры

"Хъӕуы бакусын алы организацион фарстыл дӕр, цӕмӕй алцыдӕр ацӕуа организацигондӕй ӕмӕ дырысӕй. Хъӕуы ма ӕрмӕст ӕмбӕстӕгты зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, кӕй хъӕуы ӕрбацӕуын ӕвзарӕн фадгуытӕм ӕмӕ сӕ равзӕрсты конституцон бар среализаци кӕнын", — загъта президент.

Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты 18 сентябры. Хуссар Ирыстон, кӕцы бафыст ӕрцыд Фӕсбайкалы ӕвзарӕн зылдмӕ, ӕрбайгом уыдзӕн 12 ӕвзарӕн фадыджы — дыууӕ дзы ӕвӕрд уыдзысты 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы территорийыл, дӕс та Цхинвал ӕмӕ республикӕйы районты. Ӕвзарӕн фадгуытӕ кусдзысты 18 сентябры 8.00 сахатӕй 20.00 сахатмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0