Хуссар Ирыстон банысан кодта Республикӕйы бон ӕфсӕддон парадӕй

© Sputnik / Алексей КовалевДень республики
День республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парад уагъд цыд Хетӕгкаты Къостайы уынгыл. Ацы аз парады хайад нӕ райста ӕфсӕддон техникӕ.

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Республикӕйы сырӕзтыл 26 азы сӕххӕсты цытӕн ӕфсӕддон парад уагъд цыд Цхинвалы центры.

День государственного флага Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир 26-ӕм хатт нысан кӕны Республикӕйы бон

Ӕфсӕддон парады хайад райстой РХИ хъахъхъӕнынады министрады Цхинвайлаг гарнизоны дӕлхайадтӕ, уыдон нымӕцы сылгоймӕгтӕ-ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ, МХМ, ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕйы, УУМ, Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ӔФС-йы Арӕнгӕрон управленийы, УФ хъахъхъӕнынады министрады 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайадтӕ. Ацы аз парады хайад нӕ райста ӕфсӕддон техникӕ.

Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ уӕлдӕр къамандӕгӕнӕг Тыбылты Леонид ӕрсидт республикӕйы уазджытӕ, цӕрджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддон службгӕнджытӕм.

Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуссар Ирыстоны нырыккон истори хъӕздыг кӕй у зӕрдылдарӕн цаутӕй. Фӕлӕ бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты календары 20 сентябрь барджынӕй хаст у сӕйраг политикон бӕрӕгбӕтты нымӕцмӕ.

"Хуссар Ирыстоны хъӕбатыр ӕмӕ сӕрибаруарзӕг адӕм расидт республикӕ комкоммӕ ӕфсӕддон агрессийы ӕмӕ карз ӕфсӕддон-политикон, финансон-экономикон ӕмӕ транспортон-энергетикон блокадӕйы уавӕрты, рацыд вазыгджын фӕндагыл йӕ хӕдбардзинад банымайыны онг", — загъта президент.

Уый банысан кодта Уӕрӕсейы ахсджиаг роль республикӕйы хъысмӕты.

"Нӕ бӕстӕйы алы цӕрӕг дӕр бузныг у Уӕрӕсейӕн Гуырдзыстоны сабырадмӕ тыхы руаджы ӕркӕнын хъуыддагӕн, Хуссар Ирыстонӕн ӕфсӕддон ӕххуыс бакӕныны ӕмӕ йӕ хӕдбардзинады банымайыны тыххӕй. Уый фервӕзын кодта нӕ адӕмы физикон скуынӕджы тасӕй ӕмӕ йӕ историкон бынатӕй фӕсурынӕй", — банысан кодта президент.

Рабочая встреча президента России В.Путина с президентом Республики Южная Осетия Л.Тибиловым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин: Уӕрӕсе дарддӕр дӕр алыварсонӕй ӕххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирӕн

Тыбылты Леонид ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта бӕстӕйы президентон ӕвзӕрстытӕ дӕр.

"Ацы политикон мадзалы ахсджиагдзинады мачи хъуамӕ дызӕрдыг кӕна. Мах уымӕн аргъ кӕнӕм куыд ахсджиаг къахдзӕфӕн нӕ бӕстӕйы паддзахадон арӕзтады фӕндагыл, куыд демократийы фундаменталон принципты ӕвдисӕг, алы ӕмбӕстагӕн дӕр, кӕцыйӕн ис хъӕлӕсы бар. Лӕвӕрд цӕуы паддзахады лидеры сӕрибар равзӕрсты бар. Мах ӕнӕфӕцудгӕйӕ цӕуӕм ацы бындурон конституцион домӕны фӕдыл ӕмӕ нӕ ныфс ис, ӕвзӕрстытӕ кӕй ацӕудзысты РХИ архайгӕ закъондӕттынадмӕ гӕсгӕ", — загъта Тыбылты Леонид.

Президенты цӕст бауарзта алы бинонтӕн ӕмӕ республикӕйы алы цӕрӕгӕн дӕр ӕнӕниздзинад, амонд ӕмӕ фарн.

Ног хабӕртты лентӕ
0