Цхинвайлаг богал Бикойты Вадим дунейы фыццагады рамбылдта бронзæйон майдан

© Sputnik / Алексей КовалевБикоев Вадим чемпион России по вольной борьбе РЮО Цхинвал Южная Осетия
Бикоев Вадим чемпион России по вольной борьбе РЮО Цхинвал Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсмены тренер Коцты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, Бикоты Вадим уыд 58 уæзы категорий иууыл фидардæр богал, фæлæ рæсугъд уæлахизмæ тырнынгæйæ сарӕзта тактикон рӕдыд æмæ райста æрмæстдæр бронзæ майдан.

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг хъӕбысӕйхӕцӕг Бикойты Вадим ӕвзӕнгты ‘хсӕн дунейы фыццагады бацахста æртыккаг бынат, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Коцты Тамерлан.

Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Вадим уыд 58 уæзы категорийы иууыл фидардæр богал, фæлæ, рæсугъд уæлахизмæ тырнынгæйæ, сарӕзта тактикон рӕдыд ӕмӕ фæхæрд.

Бикоев Вадим чемпион России по вольной борьбе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕбысӕйхӕцӕджы фӕндаг политикӕмӕ

"Иууылдæр æм æнхъæлмæ кастыстæм сыгъзæрин майданмæ. Ауагъта фондз тохы. Йӕ категорийы уый уыд иууыл цæттæдæр спортсмен, нæдæр фæллайгæ кодта, нæдæр лæмæгъдзинад æвдыста. Йæ ныхмæлæууæг богалæй уыд хуыздæр цæттæ, фæлæ йӕ фӕндыд тох уынинагдæр саразын æмæ йын уыцы рæдыд къахдзæф йӕ сыгъзæрин майдан байста", — загъта тренер.

Коцты Тамерлан ма бафиппайдта, йæ хъомылгæнинаг кӕй баулæфдзæн иу къуыри æмæ стӕй та райдайдзæн цæттæ кæнын æндæр турнирмæ.

"Бикойты Вадим райдайдзæн архайын фæсивæды хсæн. Дзæуджыхъæуы цæудзæн Юрий Гусовы номыл турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй æмæ уым Вадим стох кæндзæн хистӕр кары хсæн", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.

Бикойты Вадим архайы 58 килограммы уæзы, у 2014 дунейон ерысты æвзист майданы хицау ӕмӕ бирӕ алыгъуызон регионалон ерысты уæлахиздзау. 2016 азы майы та Вадим ссис Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау.

Ног хабӕртты лентӕ
0