Тедеты Сослан фыццаг хатт фӕхӕрд боксерон рингыл

© FacebookОсетинский боксер Сослан Тедеев
Осетинский боксер Сослан Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тренеры хъуыдымӕ гӕсгӕ, басасты аххосаг ссис уый, спортсмен кӕй нӕ дызӕрдыг кодта йӕ уӕлахизыл ӕмӕ ӕмбӕлон аргъ не скодта йӕ ныхмӕлӕууӕгӕн.

ЦХИНВАЛ, 22 сен — Sputnik. Профессионалон боксер Хуссар Ирыстонӕй Тедеты Сослан фыццаг хатт фӕхӕрд йӕ карьерӕйы. Уӕрӕсейаг спортсмен Иван Скрипачевимӕ рейтингон тохы фондз раунды фӕстӕ Сосланы тренер ӕрлӕууын кодта ныхмӕлӕуд.

Тедеты Сослан фембӕлдзӕн рингыл французаг боксеримӕ

Профессионалон рингыл йӕ фыццаг титул Тедеты Сослан рамбылдта фарон. Уый ссис фӕсивӕды ӕхсӕн дунейы чемпион IB версимӕ гӕсгӕ. Ацы аз майы та йӕ къухты бафтыд 13-ӕм уӕлахиз францаг Сильвиан Копельейы ныхмӕ.

Спортсмены тренер Сланты Виталийы хъуыдымӕ гӕсгӕ, Сослан нӕ дызӕрдыг кодта йӕ уӕлахизыл ӕмӕ ӕмбӕлон аргъ не скодта йӕ ныхмӕлӕууӕгӕн. Фондз раунды фӕстӕ Сосланӕн йӕ бон нал ссис тох адарддӕр кӕнын.

"Ныхмӕлӕуды рӕстӕджы йӕ бон не ссис ног уагыл слӕууын. Тох нывӕзтмӕ гӕсгӕ нӕ цыд, уыд тас йе ‘нӕниздзинадӕн. Ӕз хуыздӕрыл банымадтон тох ӕрлӕууын кӕнын, кӕд очкотӕм гӕсгӕ разӕй цыд, уӕддӕр", — загъта Сланты Виталий.

Ацы басаст уый банымадта хорз фыдӕвзарӕныл, кӕцыйӕн хъӕуы саразын анализ ӕмӕ дарддӕр цӕуын.

20-аздзыд Тедеты Сосланӕн профессионалон рингыл дебют уыд 2014 азы майы. Абоны онг уый ауагъта 14 ныхмӕлӕуды, кӕцытӕй дӕс рамбылдта ӕмгъуыдӕй раздӕр. Ныр йӕ хыгъдыл ис иу басаст. Боксеры цӕттӕ кӕны Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Сланты Виталий.

Ног хабӕртты лентӕ
0