Мутко: Гӕззаты Валерий Дзӕуджыхъӕуы йӕ фӕстӕ ныууагъта "сыгъд быдыр"

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæПресс-конференция министра спорта РФ Виталия Мутко
Пресс-конференция министра спорта РФ Виталия Мутко - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спорты министр фехъусын кодта, Уӕрӕсейаг футболон цӕдисы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ йӕ оппонент Гӕззаты Валерий йӕ фӕстӕ Дзӕуджыхъӕуы кӕй ныууагъта "сыгъд быдыр".

ЦХИНВАЛ, 22 сен — Sputnik, Сабеты Аланӕ. Уӕрӕсейы спорты министр ӕмӕ Уӕрӕсейаг футболон цӕдисы (УФЦ) ныры сӕргълӕууӕг Виталий Мутко у ӕнӕдызӕрдыг, ныры ӕвзӕрстыты йе ′вварс кӕй балӕудзысты хъӕлӕсгӕнджыты 90%. Ахӕм фидиуæн уый сарӕзта пресс-конференцийы рӕстӕджы.

УФЦ-ы президенты сӕргълӕууӕджы ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 24 сентябры. Ацы бынатмӕ раразмӕ кодтой цыппар кандидатурӕ, се ′хсӕн ис Уӕрӕсейы футболон ӕмбырдгонды раздӕры сӕйраг тренер Гӕззаты Валерий.

Виталийы Муткойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нырма ӕлхынцъон скъуыддзаг нӕ райста, райсдзӕн хайад ӕвзӕрстыты ӕви нӕ, фӕлӕ куы цӕуа ӕвзӕрстытӕм, уӕд ын ахӕм коонкуренци нӕ уыдзӕн.

Валерий Газзаев, архивное фото. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕззаты Валерийы мӕты бафтыдта Муткойы "рагфӕдзӕхст"

Министр уый тыххӕй фидарӕй дзуры, уымӕн ӕмӕ йын йӕ кандидатурӕ раразмӕ кодтой федерациты ӕмӕ профессионалон лигӕты 90%.

"Мӕ оппоненттӕй иу ӕрцыд Дзӕуджыхъӕумӕ, уым та абоны онг дӕр ис сыгъд быдыр, стадион у цъынды лӕвӕрд. Бинонты нардуат аразы, ӕндӕр ницы", — загъта Мутко.

Уый банысан кодта, Цӕдисмӕ йе ′рбацыд кӕй уыд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг, уымӕн ӕмӕ уӕрӕсейаг футболы уыд бирӕ проблемӕтӕ, кӕцыты хъуыд ӕвӕстиатӕй аскъуыддзаг кӕнын, уыдон нымӕцы финансон, афтӕ ма Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды хайадист Европӕйы чемпионаты.

Виталий Муткойы хъуыдымӕ гӕсгӕ, УФЦ хъӕуы кусын ӕрвылбондӕр ӕмӕ банысан кодта, кӕй йын у зын уый ӕххӕст кӕнын. Йӕ сӕйраг бӕллиц — ахӕм документ-программӕ саразын, кӕцыйӕн уыдзӕн тых кӕцыфӕнды президенты рӕстӕджы дӕр, цӕдисы фарстытӕ та иууылдӕр скъуыддзаг кӕндзысты конференцитӕ.

"Ӕз ма дзырдтон, кӕй кусын спорты министрӕй ӕмӕ нӕ хъавын ацы куыст уадзын. Махӕн ис глобалон проект 2018 азмӕ. Хъуыддаг президенты бынаты нӕй. Цалынмӕ министр дӕн, уӕдмӕ ӕххӕст кӕндзӕн ацы куыст дӕр. Нӕ хӕс у хицӕн гоймӕгтӕй хи аиуварс кӕнын. Футболон бинонтӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ скъуыддзаг кӕной сӕ фарстытӕ", — бафтыдта Мутко.

Министр ӕрсидт "дзӕгъӕлдзырд ӕмӕ ӕнӕхъола куыст ма кӕнын", фӕлӕ архайын ӕмӕ ма бафтыдта, "адӕм ацы организацимӕ (УФЦ) хъуамӕ ма цӕуой ӕмӕ йӕ хынджылӕггаг ма кӕной".

Гӕззаты Валерий ӕмӕ Виталий Муткойӕ дарддӕр ма УФЦ президенты бынатмӕ цӕуынц Игорь Ефремов ӕмӕ Сергей Прядкин. Раздӕр Гӕззаты Валерий критикӕйы бын фӕкодта Муткойы архайд УФЦ-ы сӕргълӕууӕджы бынаты. Уый нымӕцы, уый загъта, кӕй хъӕуы реформӕтӕ ауадзын уӕрӕсейаг футболы.

Ног хабӕртты лентӕ
0