МХМ: Республикӕйы бӕрӕгбон ацыд ӕнӕ инциденттӕй

© Sputnik / Алексей КовалевДень республики
День республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзӕлттӕ ацыдысты ӕхсӕнадон уагӕвӕрд нӕ фехалыны цаутӕй, ӕхсӕнадон ӕдасдзинад ифтонг кодтой МХМ-ы 600-йӕ фылдӕр кусӕджы.

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik. Республикӕйы боны цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ ацыдысты ӕнӕ фӕткхалӕн цаутӕй. Барадхъахъхъӕнджытӕ, кӕцытӕ ацы бонты сӕ хъус дардтой уагӕвӕрдмӕ, куыстой профилактикон мадзӕлтты развӕлгъау сфидаргонд нывӕзтмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны МХМ-ы пресс-службӕйы.

Ацы къуыри Хуссар Ирыстон 26-ӕм хатт банысан кодта республикӕйы бон.

День государственного флага Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир 26-ӕм хатт нысан кӕны Республикӕйы бон

Столицӕ ӕмӕ районты ацыдысты дзыллон мадзӕлттӕ, уагӕвӕрдмӕ сӕ хъус дардтой мидхъуыддӕгты министрады цалдӕр сӕдӕ кусӕджы. Ӕдасдзинады нысанӕн республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ уыд ӕхгӕд цыппар боны.

"Мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ сӕххӕст кодтой сӕ разы ӕвӕрд хӕстӕ ӕхсӕнадон уагӕвӕрд бахъахъхъӕныны фӕдыл", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Милици хъахъхъӕдта ӕхсӕнадон фӕтк алы культурон-дзыллон мадзӕлтты рӕстӕджы дӕр. Сӕ ауадзыны бынӕтты лӕмбынӕг басгӕрстой сӕрмагонд техникон фӕрӕзты ӕмӕ службӕйон куыйты руаджы.

"Ӕмбӕстӕгтӕ цыдысты турникетты уылты Хетӕгкаты Къостайы уынгмӕ, Республикон стадионмӕ ӕмӕ Аргъуанон фӕзуатмӕ бахизӕнты. Милицийы кусджытӕ архайдтой къухӕй металлодетектортӕй уадзӕн режим ӕххӕст кӕныны нысанӕн ӕмӕ цӕмӕй ӕмбӕстӕгтӕ ма бахӕссой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ ӕмӕ нозт", — загътой пресс-службӕйы.

МХМ-ы минӕвар ма банысан кодта, стыр хъусдард здӕхт кӕй ӕрцыд фӕндагон уагӕвӕрды ӕдасдзинад ифтонг кӕнынмӕ.

Мидхъуыддӕгты органтӕ фӕтыхджындӕр кодтой ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ӕппӕт республикӕйы. 17 сентябры МХМ-ы сӕрмагонд сконд раконд ӕрцыд службӕ хӕссыны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. Бӕрӕгбонон мадзӕлтты фӕзуӕттыл ӕдасдзинадмӕ сӕ хъус дардтой МХМ-ы 600-йӕ фылдӕр кусӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0