Хуссар Иры фæзындзæн Беслæны амæттæгтæн нывонд цад

© Sputnik / Фатима ПлиеваВстреча с "Матерями Беслана"
Встреча с Матерями Беслана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъелы цадмæ хæстæг, денджызы æмвæзадæй 3115 метры бæрзӕндæн ӕвӕрд æнæном цадæн радтой ном "Мады цæссыгтӕ" Беслæны трагедийы амæттæгты номарынӕн. Ныр ацы хъуыддаг хъуамæ фидар æрцæуа официалон æгъдауæй.

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Æрдзон ресурсты комитеты къухдариуӕгад бахатдзæн республикӕйы президентмӕ Арвы комы æнæном цадæн официалон æгъдауæй "Мады цæссыгтӕ" ном раттын æмæ йæ Беслӕны æвирхъау трагедийы амæттæгтæн ныффæлдисыны тыххӕй. Комитет бӕстӕйы сӕргълӕууӕгмӕ бахатдзæн "Беслæны мæдты" ассоциацийы куырдиаты бындурыл.

Монумент Древо скорби в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Эннио Бордато: Беслӕны урокӕн ферох гӕнӕн нӕй

Ассоциаци "Беслæны мæдтæ"-йы минӕвӕрттӕ майрӕмбоны фæуазæг сты Цхинвалмæ. Уазджыты хсæн ис, сæ хъæбултæ Беслæны скъолайы кæмæн бабын сты, науӕд та йӕхӕдӕг ацы æвирхъау трагедийы чи бахауд ӕмӕ чи раирвæзт, ахæмтæ. Медиа-центр "Ир"-ы уыдон фембæлдысты æрдзон ресурсты комитеты сæргълæууæг Бестауты Бала, президенты паддзахадон уынаффæгæнджытæ Санахъоты Дауыт æмæ Хуыбиаты Соня, ивгъуыд ӕнусы 90-æм æзты хæсты рæстæджы активон архайæг, орден Уацамонгæйы кавалер Цоциты Зара æмæ æхсæнады минæвæрттимæ.

Бестауты Бала ӕрӕмбырдуӕвджыты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, "Беслӕны мӕдтӕн" уый сæ фыццаг балц кӕй нæу Хуссар Ирмæ — 2005 азы, трагедийӕ иу афӕдзы фӕстӕ сылгоймæгты иу къорд æрцыд Хуссар Ирмæ. Уæд хъахъхъæнынады министрады хæххон къордимæ иумæ уыдон асгæрстой фæндаг Арвы коммæ, цыран денджызы æмвæзадæй 3 мин метры бæрзæндæн ӕвӕрд ис Ӕнæном цад. Ацы донлӕууӕнмӕ Хъелы цадæй у сахат æмæ æрдæджы цыд.

"Уӕд нæм фæзынд хъуыды цадæн Беслӕны амæттæгты ном раттын æмæ сылгоймӕгтӕн уый нысанæн сарæзтам балц. Сæхицæн сын æй рагацау нæ загътам, тарстыстæм, куынæ бафæразой фæндаг. Фӕлӕ алцыдӕр ацыд нывыл. Нӕ зӕрдӕтӕ скъуыдтӕ кодтой, ацы мӕдтӕ цадмæ сæ дзуæрттæ æппаргæйæ цы куыд кодтой, уый уынгӕйӕ", — радзырдта Бестауты Бала.

Цадæн "Мады цæссыгтӕ" ном раттын æмæ йæ Беслæны трагедийы амæттæгтæн ныффæлдисыны инициаторты ныфс ис, Хуссар Ирыстоны картæйыл тагъд рӕстӕджы ацы цад йæ ног номимӕ фидар кæй æрцæудзæн.

© Sputnik / Фатима Плиева"Беслæны мæдтæ" Цхинвалы
Встреча с Матерями Беслана - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Беслæны мæдтæ" Цхинвалы

Фембæлды архайджытæ бузныджы ныхæстæ загътой, сæ зынгхуыст хъæбултæ æмæ хиуæтты номыл Хуссар Иры дæр сæхи къуым кæй фæзындзӕн, уый тыххӕй.

"Ныфс мæ ис, нæ куыридат æнæхъусдард кӕй нæ аззайдзæн æмæ республикӕйы къухдариуӕгад кӕй сфидар кæндзӕн ацы цад Беслæны амæттæгты номыл. Мах та 2017 азы сараздзыстæм къорд æмæ ногæй схиздзыстæм "Мады цæссыгты цадмæ". Уырны мӕ, ацы маршрут кæй ӕрфидар уыдзæн æмæ йыл адæм кӕй балц кæндзысты, Бесланы æнамондзинад та ӕнустӕм рох нæ уыдзæн", — банысан кодта трагедийы ӕнахъом амӕттӕгтӕй иуы мад Сидахъаты Рита.

Ритайӕн Беслæны трагедийы бабын йæ иунæг чызг. Аззад адунейыл иунӕгӕй. Ныр уый йæ цард снывонд кодта трагедийы амæттæгты рухс ном сæнусон кæнынæн.

"Фыццаг Арвы комы цадмæ куы схызтыстæм, уæд уым æрæхсæвиуат кодтам. Уӕды онг мæ чызджы дзуар æппынæдзух дардтон мæ уæлæ. Фӕлӕ мӕм уыцы райсом фыны æгъдауæй цыдæр ӕнахуыр хъæлæс æрбадзырдта, дзуар цады ныууадз, зæгъгӕ. Уæд не ʻппæт дæр нæ дзуæрттæ рафтыдтам ӕмӕ сӕ ныппӕрстам цады. Дыккаг хатт ацы бæрзæндмæ куы схызтыстæм, уæд та схастам, Беслæны скъолайы кæрты цы суадон фæзынд, уый сыгъдæг донæй", — радзырдта уый.

© Sputnik / Фатима ПлиеваУазджытӕ ма бузныджы фыстæг радтой, цады Бесланы трагедийы амæттæгтæн снывонд кæнын чи сфæнд кодта, уыдонæн
Встреча с Матерями Беслана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уазджытӕ ма бузныджы фыстæг радтой, цады Бесланы трагедийы амæттæгтæн снывонд кæнын чи сфæнд кодта, уыдонæн

Ӕхсæнадон организаци "Беслæны мæдты ассоциаци"-йы минӕвӕрттӕ æрхастой семӕ лæвæрттæ, се ʻхсæн трагедийы тыххӕй фыст чингуытæ "Огненный шар" æмæ "Беслан годы спустя", афтӕ ма бузныджы фыстæг радтой, цады Бесланы трагедийы амæттæгтæн снывонд кæнын чи сфæнд кодта, уыдонæн.

"Ацы цады сты нæ хъизæмæртты æрфæнтæ æмæ нæ цæссыгтæ, уыимæ иумæ уыцы бæрзӕндыл стæм уæларвмæ æввахсдæр. Бузныг стæм, нæ хъæбулты нæмттæ нын сæнусон кæныны хъуыддагмӕ йæ хайбавæрд чидӕриддӕр бахаста, уыдонæй", — кодта ассоциацийы уӕнг Дудиты Сусанна.

Фембæлды фæстæ "Беслæны мæдтæ" сæ фæндаг акодтой фæндзæм скъолайы кæртмæ, цы ран дидинтæ сæвæрдтой Гуырдзыстоны агрессийы амæттæгты мемориалон цыртмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0