Ӕхсӕз ӕнусы фӕстӕ китайӕгтӕ ӕрӕздӕхдзысты Ирыстонмӕ Стыр зӕлдаг фӕндагыл

© Sputnik / Алина БолотаеваКитайские туроператоры в Северной Осетии
Китайские туроператоры в Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стыр зӕлдаг фӕндаг, кӕцыйыл рагзаманты сæудæджертӕ ластой сӕ базайраг Китайӕ Ныгуылӕнмӕ, ногӕй у гом. Фӕлӕ 21 ӕнусы ацы фӕндаг суыдзӕн базарадон нӕ, фӕлӕ туристон. Китайаг туроператортӕ серьезонӕй цымыдис кӕнынц Цӕгат Кавказмӕ куыд се ‘мбӕстӕгтӕн туристон продукт.

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Болотаты Алинӕ. Цӕгат Кавказы авд регионы иууылдӕр бахаст ӕрцыдысты Китайы делегацийы балцы программӕмӕ. Къуырийы дӕргъуы уыдонӕн фадат уыдзӕн бацӕуын Кавказы иууыл фенддагдӕр ӕмӕ зындгонд бынӕттӕм, ацаходын националон къӕбицы хӕринӕгтӕй, афтӕ ма цӕгаткавказаг культурӕимӕ базонгӕ уӕвын. Балцы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ бакусдзысты идеалон туристон продуктыл, кӕцыйӕн уыдзӕн ӕрцагуырд китайаг туристты ӕхсӕн.

Цӕгат Ирыстон фӕнд кӕны ацы проекты активон хайад райсын. Китайаг туристты химӕ ӕрбаздӕхт фӕуӕрӕх кӕндзысты республикӕйы туристон потенциал, афтӕ баххӕст кӕндзӕн республикон бюджеты фӕрӕзтӕ. Республикӕйы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав фембӕлд КАР-ы туризмы хъуыддӕгты фӕдыл паддзахадон управленийы сӕргълӕууӕг Чжао Хунцинимӕ.

© Sputnik / Алина БолотаеваКитайы делегаци Цӕгат Ирыстоны
Китайы делегаци Цӕгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Китайы делегаци Цӕгат Ирыстоны
© Sputnik / Алина БолотаеваКитайы делегаци Цӕгат Ирыстоны
Китайы делегаци Цӕгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Китайы делегаци Цӕгат Ирыстоны
© Sputnik / Алина БолотаеваКитайы делегаци Цӕгат Ирыстоны
Китайы делегаци Цӕгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Китайы делегаци Цӕгат Ирыстоны
1/3
Китайы делегаци Цӕгат Ирыстоны
2/3
Китайы делегаци Цӕгат Ирыстоны
3/3
Китайы делегаци Цӕгат Ирыстоны

Чжао Хунцин фехъусын кодта, Китайы кӕй фӕнды, цӕмӕй Цӕгат Кавказы фӕзыной туристтӕ Китайӕ, уый нымӕцы Цӕгат Иры дӕр.

"Кӕд ӕмӕ Китайы туристты бындурон хайы ных арӕзт у Мӕскуы ӕмӕ Санкт-Петербургмӕ, уӕддӕр ис ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад китайаг туристтӕн ног здӕхтытӕ бакӕныны хъуыддаджы. Нӕ дызӕрдыг кӕнын, Цӕгат Ир кӕй суыдзӕн приоритетон равзӕрсттӕй иу", — банысан кодта фембӕлды рӕстӕджы Чжао.

Республикӕйы китайаг делегаци уыд ӕрмӕстдӕр иу бон. Ирыстоны рӕсугъддзинӕдтӕ сын иууылдӕр фенын нӕ бантыст, фӕлӕ уӕддӕр сӕ нывӕзт уыд тынг цымыдисон ӕмӕ хъӕздыг. Хайадисджытӕн уыд фадат атезгъо кӕнын горӕты историкон центрыл — Сабырады проспектыл, афтӕ ма китайайаг бархионты фӕзуатыл, бабӕрӕг кӕнын Куырттаты комы фенддагдӕр бынӕттӕ, историкон фидар Дзивгис ӕмӕ алайнаг нӕлгоймӕгты моладзандон.

Башня Хакуна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Туристон маршрут "Стыр зӕлдаг фӕндаг" байгом Кавказы

Экскурсийы фӕстӕ бафыст ӕрцыд туризмы къабазы кӕрӕдзиӕмбарынады фӕдыл Меморандум ЦКФЗ-ы регионты ӕмӕ Китайы стырдӕр туристон компаниты ӕхсӕн.

Чжао Хунцин банысан кодта, Цӕгат Кавказы культурӕ ӕмӕ истори кӕй у цымыдисон йе ′мзӕххонтӕн. Уый ма загъта бузныг Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл УФ министры уынаффӕгӕнӕг Станислав Аристов ӕмӕ профилон ведомствоты сӕргълӕуджытӕн.

Туристон маршрут "Стыр зӕлдаг фӕндаг" ӕрбайгом 25 сентябры. Ног автобусон маршруты хайадисджытӕ ссисты Уӕрӕсейы Федерацийы КАР-ы минӕварады, китайаг авиакомпани Hainan Airlines-ы кусджытӕ, афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕмӕ китайаг туроператортӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0