Фехтованийӕ турнир райдыдта цӕгатирыстойнаг паралимпийӕгты ралӕудӕй

© Sputnik / Алина БолатаеваФехтовальщики паралимпийцы
Фехтовальщики паралимпийцы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕуджыхъӕуы цытджын ӕгъдауӕй ӕрбайгом Годжиаты Валерийы номыл XVI турнир фехтованийӕ.

ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik, Болататы Алина. Годжиаты Валерийы номыл XVI турниры фехтованийӕ хайад исынц 200 спортсменӕй фылдӕр Уӕрӕсейӕ, Сомихстон ӕмӕ Азербайджанӕй. Фыццаг хатт сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты алы кары паралимпийӕгтӕ — къаласкъӕджынтӕ, уыдон райстой хайад спортивон мадзалы цытджын ӕрбаконды.

Фехтованийы ис хӕцӕнгарзы ӕртӕ хуызы — рапирӕ, шпагӕ ӕмӕ ӕхсаргард. Цӕгат Ирыстоны хӕцынц ӕрмӕстдӕр шпагӕ ӕмӕ рапирӕйыл, фӕлӕ паралимпийӕгтӕ рӕхсынц фехтованийы алы хуызмӕ дӕр ӕмӕ сын ерысты рӕстӕджы фадат ис спайда кӕнын кӕцыфӕнды хуызӕй дӕр. Зӕгъӕм, нӕлгоймӕгтӕ райдыдтой тох кӕнын ӕхсаргардыл, фембӕлд та кӕронмӕ акодтой рапирӕйыл.

© Sputnik / Алина БолатаеваФехтованийӕ турнир Дзӕуджыхъӕуы
Фехтованийӕ турнир Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Фехтованийӕ турнир Дзӕуджыхъӕуы
© Sputnik / Алина БолатаеваФехтованийӕ турнир Дзӕуджыхъӕуы
Фехтованийӕ турнир Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Фехтованийӕ турнир Дзӕуджыхъӕуы
1/2
Фехтованийӕ турнир Дзӕуджыхъӕуы
2/2
Фехтованийӕ турнир Дзӕуджыхъӕуы

Фехтованийӕ спортивон скъолайы директор Кадиты Виолеттайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, турниры ауадзгӕ равдыстон ныхмӕлӕудтӕ сты тынг ахсджиаг.

"Мах сфӕнд кодтам абон сывӕллӕттӕн паралимпиӕгты тохтӕ равдисын. Мӕ нымадмӕ гӕсгӕ, сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ хистӕртӕ дӕр уымӕ куы кӕсынц, уӕд сӕ зӕрдӕтӕ фӕфӕлмӕндӕр вӕййынц", — загъта Кадиты Виолетта.

Паралимпиаг фехтованийы хайад Цӕгат Ирыстоны фӕзынд нырма ӕрӕджы, 2015 азы сентябры. Фӕлӕ уыцы цыбыр ӕмгъуыдмӕ дӕр спортсментӕ райстой хайад алыгъуызон ерысты ӕмӕ сборты ӕмӕ сӕ равдыстой хорз фӕстиуджытӕ.

Осетинские паралимпийцы Чермен Кобесов (слева) и Гоча Хугаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон спортсмен рамбылдта дыууӕ майданы Подмосковьейы Паралимпиадӕйы

"Фарон ноябры мах уыдыстӕм Мӕскуыйы гом кубокы, цы ран Гӕмӕонты Игорь райста призон бынӕттӕ дыууӕ категорийы: рапирӕйыл ӕмӕ шпагӕйыл. 2016 азы Ирыстоны командӕ иста хайад бӕстӕйы иуӕндӕсӕм паралимпиаг чемпионаты, цы ран расгуыхтысты ХМИ-ы студент Хуыбылты Вадим, скъоладзаутӕ Аркадий Дербитов ӕмӕ Сӕлӕгаты Заурбек", — загъта паралимпиӕгты тренер Алексий Лазариди.

РЦИ-Аланийы фехтованийы федераци ӕрвылаз дӕр 16 азы мидӕг уадзы фыццаг ирон фехтованийы спорты хуызы минӕвӕрттӕй иу, ӕхсӕнадӕмон классы спорты дӕсны, ССР Цӕдисы фыццагады ӕртӕ хатты призер, дунейы ӕвзист призер — Годжиаты Валерийы номыл турнир.

Ног хабӕртты лентӕ
0