Хуссар Ирыстон ӕмӕ Владимиры область бадзырдтой ӕмгуыстады тыххӕй

© Пресс-служба администрации Владимирской областиПосол РЮО в РФ Знаур Гассиев и губернатор Владимирской области Светлана Орлова
Посол РЮО в РФ Знаур Гассиев и губернатор Владимирской области Светлана Орлова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Документ бафыст ӕрцыд Ӕхсӕнадӕмон инвестицион форум "Сочи 2016" фӕлгӕтты, цы ран хайад иста хуссарирыстойнаг минӕвар дӕр.

ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Владимиры область ӕмгуыстад кӕндзысты базарадон-экономикон, зонадон-техникон ӕмӕ культурон къабӕзты. Ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд майрӕмбоны бафыстой Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ Владимиры областы губернатор Светлана Орлова, фехъусын кодтой минӕварады пресс-службӕйы.

Документ бафыст ӕрцыд Ӕхсӕнадӕмон инвестицион форум "Сочи 2016" фӕлгӕтты, цы ран хайад иста хуссарирыстойнаг минӕвар дӕр.

"Бадзырдмӕ гӕсгӕ ӕмгуыстад кӕндзыстӕм ахӕм къабӕзты, куыд сӕудӕджерадон кондад, инвестицитӕ химӕ здахын, базарад, амалиуӕгдарон архайд, зонад ӕмӕ культурӕ. Афтӕ ма спорт, туризм ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕ", — банысан кодтой минӕварады.

Проектты реализацийы фӕлгӕтты ӕввахс рӕстӕджы уагъд цӕудзӕн минералон дон "Родники Осетии". Фыццаг этапыл проекты аргъ у 30 милуан сомы.

Губернатор Владимирской области Светлана Орлова на инвестиционном форуме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Владимиры область æмæ Хуссар Ир бафидар кæндзысты се ‘мгуыстад Сочийы

Владимиры областы администрацийы пресс-службӕ хъусын кӕны, фарсытӕ кӕй фидар кӕндзысты дыууӕвӕрсыг базарадон-экономикон, зонадон-техникон ӕмӕ культурон ӕмгуыстад.

Бадзырдмӕ гӕсгӕ, фарсытӕ хайад исдзысты армукъӕты, кӕрӕдзимӕ цӕудзысты аивадон равдысттӕ ӕмӕ театралон-концертон гастролтимӕ.

Светлана Орлова банысан кодта, Хуссар Ирыстонимӕ ӕмгуыстад тынг нысаниуӕгджын кӕй у регионӕн.

"Абон цы бадзырд бафыстам — уый у цадӕггай куысты фӕстиуӕг, кӕцы райдыдта дыууӕ азы размӕ. Ацы документ ратдзӕн фадат ӕххӕст кӕнын бакуыстгонд "фӕндагон картӕ" нывӕзтгонд иумӕйаг мадзӕлттимӕ. Хуссар Ирыстонӕн у ахсджиаг тыхджын кондадты сырӕзт, мах дӕр хъӕуы гъӕдджын ӕмӕ ӕнӕниз конкурентон продукци", — загъта губернатор.

Уый ма равдыста ныфс, Хуссар Ирыстон дӕр ӕмӕ Владимиры область дӕр кӕй уадздзысты гъӕдджын продукци, кӕцы ссардзӕн йӕ фӕлхасгӕнӕджы, уый нымӕцы дунейон базарадон системӕйы дӕр.

Хуссар Ирыстоны минӕвар загъта бузныг областы сӕргълӕууӕгӕн 2008 азы августы фӕстӕ бакӕнгӕ куысты ӕмӕ экономикӕ сӕндидзын кӕныны хъуыддагӕн ӕххуысы тыххӕй.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Владимиры область бафысдзысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

"Нæ зæхх хъуыды кæны уæ хъайтарддзинад, уæд нӕм, æндыгъд уавæрмæ æнæкæсгæйæ, æрцыдыстут æххуысмæ, æрæмбырд кодтат бирæ мин адæймаджы хайадситæй митинг, атыдтат информацион блокадæ, æрластат 160 хæдтулгæ гуманитарон æххуыс. Уæрæсейы регионтæй фыццаг Владимиры областимæ райдытам æмгуыстад", — загъта Гасситы Знауыр.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй кусы владимираг бизнес, ноджы ма æрбамбал уыдзæн æввахс рæстæджы компани "Владимирский стандарт", кæцы уадздзæн гъæдджын минералон дон авг мигæнæнты.

Минæвар ныфс радта, республикæйы бизнесы райрæзтæн æппæт уавæртæ дæр арæзт кӕй цæудзысты ӕмӕ бафтыдта йæ ныхæстæм, ахастытæ райтынг кæныны хъуыддаджы кӕй феххуыс уыдзæн Хуссар Ир æмæ Владимиры областы хæларады æхсæнад.

Гасситы Знауыры ныхæстæм гæсгæ, ацы аз Хуссар Ирыстонмæ æрцæудзысты гастролтимæ владимираг сфæлдыстадон коллективтæ, стæй ма рхæсдзысты сæ нывгæнджыты равдыст, афтæ ма бафыстæуыдзæн бадзырд Владимираг-Суздальаг музейимæ.

Фынддæсæм Ӕхсæнадæмон инвестицион форум "Сочи-2016" райдыдты 29 сентябры æмæ ахæсдзæн 2 октябрмæ. Хайад дзы исынц 700 компанийы къухдариуæггæнджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0