Уырыссаг дзуары аргъуан Цхинвалы сараздзысты 2017 азы кӕронмӕ

© Sputnik / Алексей КовалевХрам
Храм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног аргъуан рӕстдинонтӕн арӕзт ӕрцӕудзӕн Цхинвалы центры 2017 азы кӕронмӕ, йӕ дуӕрттӕ уыдзысты гом алы рӕстдинон адӕймагӕн дӕр, скуывдтӕ уадздзысты мӕскуыйаг патриархийы минӕвӕрттӕ.

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Уырыссаг рӕстдинон дзуары (УРД) аргъуаны арӕзтад Цхинвалы центры уагъд цӕуы рӕвдз темптӕй.

Арӕзтадон фирмӕ "Мегаполис-Т"-йы сӕргълӕууӕг Джуссойты Константин Sputnik куыд загъта, афтӕмӕй аргъуаны арӕзтад нывӕзтмӕ гӕсгӕ хъуамӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уа 2017 азы кӕрон.

"Финансон хӕрдзтимӕ ницы хъуагдзинӕдтӕ ӕййафӕм. Алцыдӕр цӕуы нывӕзтмӕ гӕсгӕ, куыстытӕ цӕуынц рӕвдзӕй, ныртӕккӕ кусджытӕ амайынц систӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕмгъуыдмӕ фӕуыдзыстӕм", — загъта нардуатон организацийы сӕргълӕууӕг.

Дины фарстыты фӕдыл президенты цур ӕххӕстбарджын Хуыбиаты Соня радзырдта, ӕрӕджы объектыл ивд кӕй ӕрцыд нардуатисӕг ӕмӕ ныр арӕзтад фӕактивондӕр ис.

Пресс-конференция епископа Аланского и Владикавказского Леонида - Sputnik Хуссар Ирыстон
Епископ Леонид: Хуссар Иры цӕрынц нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Чырыстийы

"Аргъуан арӕзт куы ӕрцӕуа, уӕд йӕ дуӕрттӕ уыдзысты гом алы рӕстдинон адӕймагӕн дӕр, скуывдтӕ уадздзысты мӕскуыйаг патриархийы минӕвӕрттӕ", — загъта Хуыбиаты Соня.

Уый банысан кодта, Уӕрӕсейаг рӕстдинон дзуары динамонджытӕ ныридӕгӕн дӕр кӕй лӕггад кӕнынц хуссарирыстойнаг рӕстдинонтӕн, УРД-ы минӕвар фыд Сергий (Кокойты) уадзы Хуыцаумӕскуывдтӕ Иоанн Дзуарӕфтауӕджы номыл УРД-ы аргъуаны.

Хуыбаты Соня зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, аргъуаны арӕзтады фӕдыл скъуыддзаг райст кӕй ӕрцыд 2008 азы августы цауты фӕстӕ.

"Дмитрий Медведевы номӕй Хуссар Ирыстоны адӕмӕн лӕвары хуызы ӕрӕрвыстой аргъуаны проект. Аргъуан уыдзӕн, куыд Уырыссаг рӕстдинон дзуары минӕварад Хуссар Ирыстоны территорийыл", — загъта дины фарстыты фӕдыл ӕххӕстбарджын.

Уый банысан кодта, ӕхсӕнады мӕты кӕй ӕфтыдтой ныхӕстӕ, ома ног аргъуаны хуыцаумӕскуывдты рӕстӕджы кӕй уыдзӕн Гуырдзыстоны патриархы кой, фӕлӕ Хуыбиаты Соня ныфс бавӕрдта, Гуырдзыстоны католикос Илия Дыккаджы кой скуывдтыты кӕй нӕ уыдзӕн.

"Ӕз уыдтӕн УРД-ы аргъуанты Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ иу скуывды рӕстӕджы дӕр нӕ фехъуыстон Илия Дыккаджы ном. Фынддӕс автокефалон дзуӕртты нӕмттӕ сӕ службӕты рӕстӕджы кой кӕныны бар ис ӕрмӕстдӕр патриархтӕн. Уымӕ гӕсгӕ, ацы дам-думтӕ сты ӕнӕбындур", — загъта Хуыбиан.

УРД аргъуаны арӕзтад цӕуы фонд "Возрождение православия в Южной Осетии"-йы контролы бын. Арӕзтадӕн финанстӕ хицӕн кӕны Андрей Первозванныйы фонд. Июлы аргъуаны арӕзтады фӕдыл юридикон фарстытӕ лыг ӕрцыдысты рӕспубликӕйы сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид ӕмӕ Епископ Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг Леониды (Горбачев) ӕмвӕзадыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0