Хуссар Ирыстон ногӕй ӕвӕры сабырадон бадзырдты фарст

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæГорода мира. Женева
Города мира. Женева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Женевӕйы 4-5 октябры уагъд ӕрцӕудзӕн Фӕскавказы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕхсӕнадӕмон дискусситы радон раунд.

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Женевӕйы ӕхсӕнадӕмон дискусситы радон раунды боныфӕткы сӕйраг фарст Хуссар Ирыстонӕн дарддӕр дӕр уыдзӕн Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй тыхӕй ма спайда кӕныны фӕдыл документыл бакуыст ӕмӕ къухӕрфыст, загътой Sputnik фӕсконфликтон ӕрнывыл кӕныны фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты пресс-службӕйы.

Здание МИД РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы ФХМ: Тбилис къуылымпы кӕны Женеваг дискусситы куыст

Женевӕйы 4-5 октябры уагъд ӕрцӕудзӕн Фӕскавказы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕхсӕнадӕмон дискусситы радон раунд. Боныфӕткыл уынаффӕты тыххӕй сентябры райдианы Цхинвалмӕ ӕрцыдысты дискусситы ӕмсӕрдӕрттӕ Евроцӕдис, ООН ӕмӕ ОБСЕ-йӕ.

Президентимӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕмсӕрдӕрттӕ ныфс радтой, кӕй бафӕлвардзысты дискусситы куыст фӕэффективондӕр кӕнын.

"Хуссар Ирыстонӕн приоритетон у республикӕйы ныхмӕ Гуырдзыстоны ӕрдыгӕй тыхӕй ма спайда кӕныны фӕдыл документыл къухӕрфыст. Уымӕй дарддӕр ма фембӕлды хайадисджытӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты гуманитарон фарстытыл. Ахсджиаг фарстытӕй иу у, Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй ӕбӕрӕгӕй чи у сӕфт, уыдоны хъысмӕт сбӕлвырд кӕнын", — банысан кодтой ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты.

Бирӕ рӕстӕг ма хуссарирыстойнаг делегаци ӕвӕры фарст Хуссар Ирыстонмӕ Оконаг триптихы раздӕхт, кӕцы адавдӕуыд хуссарирыстойнаг национ музейӕ 1991 азы ӕмӕ ныртӕккӕ ис Гуырдзыстоны.

Женеваг дискусситӕ уагъд цӕуынц 2008 азы октябрӕй Уӕрӕсе ӕмӕ Францы президентты бадзырдтӕм гӕсгӕ. Уыдоны ӕмбарадон бындурыл хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе, АИШ, афтӕ ма Евроцӕдис, ОБСЕ ӕмӕ Иугонд нациты организацийы минӕвӕрттӕ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сӕргъ лӕууы фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт.

Ног хабӕртты лентӕ
0