ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны УУМ-ы хисӕрмагонд сконды ралӕууын кодтой министрады бӕстыхайы раз, йӕ сырӕзтыл аст азы кӕй сӕххӕст, уый цытӕн.
Цытджын ралӕуды, йӕхи уӕлдай хорз чи равдыста, уыцы кусджытӕн лӕвӕрд ӕрцыдысты ведомствӕйон хорзӕхтӕ. Кӕй схорзӕхджын кодтой, уыдон нымӕцы ис прапорщик Пухаты Джондо дӕр — уый фервӕзын кодта Зары хъӕуы минӕйыл спырхуӕвӕг цӕрӕджы.
Ахӕм лӕггӕдты тыххӕй ма схорзӕхджын кодтой цалдӕр ирвӕзынгӕнӕджы дӕр, банысан ма кодтой сӕ архӕйдтытӕ зынгсирвӕзтты ныхмӕ тохты ӕмӕ ӕндӕр уӕлвӕткон уавӕрты рӕстӕджы.
Коллегӕтӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрцыд Донецкаг адӕмон республикӕйы УУМ-ы сӕргълӕууӕг инӕлар-майор Алексей Кострубицкий.
"Ирвӕзынгӕнӕджы професси у иууыл сабырадон, уыимӕ иумӕ сымах цардӕн ӕрвылбондӕр у тас. Ацы цыбыр ӕмгъуыдмӕ уӕ коллектив сбӕлвырд кодта, кӕй у цӕттӕ цыфӕнды хӕслӕвӕрд дӕр сӕххӕст кӕнынмӕ, уӕлвӕткон уавӕрты фӕстиуджытӕ иуварс ӕмӕ рагфӕдзӕхст кӕнынмӕ. Уӕ сӕйраг миниуӕг у цыфӕнды рӕстӕг дӕр адӕмӕн ӕххуысмӕ атындзын. Цы хӕст уӕм уыд, уый равдыста, иннӕ уагдӕттӕ цы ран сты ӕдых, уырдӕм ӕххуысмӕ ӕнӕмӕнгӕй ӕрцӕудзысты ирвӕзынгӕнджытӕ", — загъта йӕ арфӕйы рӕстӕджы Кострубицкий.
Уый республикӕйы УУМ-ы сӕргълӕууӕг Санахъоты Сергей ӕмӕ йӕ хӕдивджытӕн радта ДАР УУМ-ы майдантӕ "Ирвӕзын кӕныны хъуыддагӕн ахъазы тыххӕй".