"Файнустытӕ" стох кæндзӕн УФ адæмон театрты фестивальмæ балцæгыл

© Sputnik / Плиты ФатимаЦхинвалы районы адӕмон театр репетици кӕны ног спектакль
Цхинвалы районы адӕмон театр репетици кӕны ног спектакль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Беслæны 7 октябры сæ куыстытæ равдисдзысты Цæгат Ирыстоны Елхоты æмæ Мæздæджы театртæ, афтӕ ма Хуссар Иры Цхинвалы районы адæмон театр. Ӕртæ труппæйы хсæн æвзæрст æрцæудзæн Ирыстоны хуыздæр адæмон театры спектакль.

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Цхинвалы районы адӕмон театр стох кæндзæн Уæрæсейы адæмон театрты фестивальмæ балцæгыл, ӕвзарӕн тур уагъд ӕрцӕудзӕн Цӕгат Иры, горӕт Беслæны 7 октябры. Хуссарирыстойнаг труппӕ ӕвзарӕн туры равдисдзӕн комеди "Файнустытӕ", фехъусын кодта Sputnik театры аивадон къухдариуæггæнæг Уанеты Ӕхсар.

РХИ адӕмон артист Уанеты Ӕхсар - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ адӕмон артист Уанеты Ӕхсар: ӕрдз мӕ сывзӕрста сценӕйӕн

Уалдзæджы Цхинвалы районы адӕмон театр ацы спектаклӕй рамбылдта Цӕгат Кавказы адӕмон театрты фестиваль "Театральная весна"-ы ӕртӕ призы. Уæд труппӕ райста бӕрзонд хорзӕх "Театралон традицитӕ бахъахъхъӕныны" номинацийы, спектаклы режиссер, РХИ адӕмон артист Уанеты Ӕхсар та ссис номинаци "Хуыздӕр режиссура"-йы уӕлахиздзау. Артисткӕ Сиукъаты Оксана та рамбылдта номинаци "Дебют"-ы.

"Файнустытӕй" дарддæр ма ацы æвзарæн равдысты адӕмы размӕ рахӕсдзысты Елхоты æмæ Мæздæджы адæмон театрты куыстытæ. Мадзал цæудзæн Беслæны, актерты архайдæн аргъ кæндзысты аивады фадыджы уæрæсейаг специалисттæ", — радзырдта Уанеты Ӕхсар.

Уый ма банысан кодта, ныридæгæн цæттæ кæй цæуы равдыстмæ спектаклæн аннотаци.

"Спектакль ӕвӕрд у ирон æвзагыл, фӕлӕ йыл цыбыр афæлгæст хъуамæ бацæттæ кæнæм уырыссаг æвзагыл дӕр", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.

Цхинвалы районы адӕмон театры комеди "Файнустытӕ" æвæрд æрцыд Нартыхты Григолы уацмысмӕ гӕсгӕ. Комедийы архайынц артисттӕ — Джыгкайты Эльбрус ӕмӕ Тузар, Козаты Сӕлимӕт, Цоциты Николай, Сиукъаты Оксана, Багаты Георгий ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0