Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхаз фехъусын кодтой, Гуырдзыстон сӕ кӕй фӕлвары изоляци кæнын

© Flickr.comГригорий Карасин
Григорий Карасин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ ФХМ-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг нымайы, Тбилисы тыхархӕйдтӕ кавказаг республикӕтӕ ӕхсӕнадӕмон изоляцийы бакӕныны тыххӕй "кӕй сты тынг ӕнахуыр феномен ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты".

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Фӕскавказы фӕдыл женеваг дискусситы 37 раунды рӕстӕджы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхаз фехъусын кодтой, Гуырдзыстон кӕй кӕны тыхархайд уыдон изоляци кӕнын ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл, уыцы фарстыл куыст цуӕдзӕн дарддӕр, фехъусын кодта РИА Новости статс-секретарь, УФ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Григорий Карасин.

Здание МИД РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы ФХМ: Тбилис къуылымпы кӕны Женеваг дискусситы куыст

"Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ аздӕхтой хъусдард фарстмӕ, зӕгъгӕ, Гуырдзыстон ӕмӕ йӕ ныгуылӕйнаг партнертӕ тыхархайд кӕнынц уыдон изоляци кӕнын ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл. Ӕрхастой конкретон дӕнцӕгтӕ, гуырдзиаг дипломаттӕ къуыхцытӕ куы арӕзтой артисттӕ ӕмӕ зарӕггӕнджыты хайадистӕн ӕхсӕнадӕмон фестивальты Европӕйы ӕртыккаг бӕстӕты. Фӕсыкк кодтой Абхазы культурон равдысттӕ Италийы. Комкоммӕ фехъусын чындӕуыд, бӕлвырд кӕй сты дывӕр стандарттӕ. Гуырдзыстон ӕвӕры максималон изоляцийы ацы дыууӕ кавказаг республикӕты минӕвӕртты ӕмӕ сын ӕвӕры тобӕ сӕ хайадистыл ӕхсӕнадӕмон мадзӕлтты. Уымӕн гуырдзыстойнаг фарс ницы контраргументтӕ ӕрхастой", — загъта уый.

Карасин, кӕцы женеваг дискусситы 37 раунды (4-5 октябры) лӕууыд уӕрӕсейаг делегацийы сӕргъ, банысан кодта, ацы уавӕрыл дарддӕр дӕр кӕй уыдзӕн бакуыст, "уымӕн ӕмӕ у тынг ӕнахуыр феномен ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты".

Женеваг дискусситæ уагъд цæуынц Уæрæсе æмæ Францы президентты æхсæн бадзырдтæм гæсгæ 2008 азӕй, Гуырдзыстоны, куыд агрессоры, сабырадмæ тыхæй куы æркодтой, уæдæй фæстæмæ. Уыдоны ӕмбарадон бындурыл хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе, АИШ, афтӕ ма Евроцӕдис, ОБСЕ ӕмӕ Иугонд нациты организацийы минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0