Генпрокуратурӕ басгардзӕн "Остелеком"-ы финансон архайд

© Sputnik / Алексей КовалевМегафон
Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Остелеком"-ы финансон архайд æвзæрын кæны фарстытæ Генералон прокуратурæмæ. Ведомствæйы басгæрсты фæстæ уавæр фæбæлвырддæр уыдзæн.

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ фæнд кæны басгарын ӔАӔ "Остелеком"-ы финансон архайд, фехъусын кодта цыппӕрæмы йæ пресс-конференцийы рæстæджы генпрокурор Дзæгъиаты Уырызмæг.

Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Остелеком" ныфс дӕтты…

ӔАӔ "Остелеком"- Хуссар Ирыстоны мобилон бастдзинады фыццаг æмæ иунæг оператор. Компани арæзт æрцыд 2004азы. 2010 азæй фæстæмæ "Остелеком" бастдзинады лæггæдтæ æнхъары æппæтуæрæсейон мобилон бренд "Мегафон"-ы номæй.

"Мах цæттæ кæнæм нæхи компани "Остелеком"-ы басгарынмæ. Бастдзинады лæггæдтæй пайдагæнджытæй нæм цæуы бирæ хъæстытæ. Компани у монополист æмæ ‘вæры йæхи бæрц æргътæ æмæ лæггæдтӕн. Сæ архӕйдтыты æруадзынц рæдыдтытæ. Развæлгъау нæ дзурдзæн, фæлæ куыст цæуы", — загъта генпрокурор.

Уырызмæджы ныхæстæм гæсгæ, сгæрстытæ райдайдзысты æввахс рæстæджы. Уый ма йæ ныхæстæм бафтыдта, ивгъуыд æзты Генпрокуратурæ цалдæр хатт кӕй бафæлвæрдта компанийы куыст басгарын, фæлæ-иу хъуыддаг кæронмæ никуы ацыд æмæ басгæрстытæн абон хатдзæгтæ нæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0