ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Хъотайты Мария. Компани "Остелеком"-ы сӕргълӕууӕг Роман Коврига ныфс бавӕрдта ацы декабры интернет ӕмӕ бастдзинады тарифтӕ фӕасламдӕр кӕныны тыххӕй. Республикӕйы премьер-министр Хъуылымбегты Доментиимӕ фембӕлды рӕстӕджы "Остелеком"-ы сӕргълӕууӕг радзырдта, тарифтӕ фӕкъаддӕр кӕнын кӕй хъавыдысты мӕйы размӕ, фӕлӕ ног опцитӕ ӕмӕ тарифты ӕрбаконды рӕстӕджы ифтонггарзыл ӕрцыд авари. Ныр чырон оператор ӕнхъӕлмӕ кӕсы ног зынаргъ ифтонггарзмӕ егъау техникон фадӕттимӕ Китайӕ.
Уый ма ракуырдта хатыртӕ абоненттӕй бакӕнгӕ зынвадӕтты тыххӕй, кӕцытӕ февзӕрдӕр кодтой интернет-бастдзинады гъӕд.
"Авари ӕрцыд ног тарифты ӕрбаконды рӕстӕджы. Мегафоны Кавказаг филиалы кусджытӕ ныридӕгӕн аиуварс кодтой сахъаттæ. Баззад ма иугай цаутӕ, кӕцытӕ мах иуварс кӕнӕм пайдагӕнджыты куырдиӕттӕм гӕсгӕ", — ныфс бавӕрдта Коврига.
Фембӕлды рӕстӕджы компанийы сӕргълӕууӕг радта дзырд, ног тарифон опцитӕм гӕсгӕ интернет-лӕггӕдтӕй пайдагӕнджытӕн лӕвӕрд кӕй цӕудзӕн фылдӕр трафик ӕнӕ уӕлӕмхас аргъӕй.
"Афтӕ ма баконд ӕрцӕудзӕн ӕнӕлимитон опци "Ночной драйв", кӕцы ратдзӕн фадат ӕхсӕв фыццаг сахатӕй райсом авд сахатмӕ интернеты гъӕд фӕхуыздӕр кӕнын. Афтӕ ма бахаст ӕрцӕудзысты ивындзинӕдтӕ иууыл популярондӕр тарифтӕм ", — загъта Коврига ӕмӕ бафтыдта, иуӕй иу тарифон нывӕзттӕ кӕй фӕкъаддӕр кӕндзысты 60% онг, уый та, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хизы бадзырдты нывӕзтӕй.
Республикӕйы премьер-министр Хъуылымбегты Доменти загъта Ковригӕйӕн, цӕмӕй мауал ивазой тарифтӕ фӕкъаддӕр кӕныны ӕмӕ бастдзинады лӕггӕдты гъӕд фӕхуыздӕр кӕныны ӕмгъуыд.
"Фӕстаг ӕрдӕг азы мидӕг "Остелеком"-ы къухдариуӕгадимӕ ацы фембӕлд у ӕртыккаг, бастдзинады аргъ ӕмбӕлон кӕй нӕу йӕ гъӕдмӕ гӕсгӕ, уый тыххӕй. Пайдагӕнджынтӕ уӕлдайджынтӕй фидынц, цӕмӕй исой бастдзинады гъӕдджын лӕггӕдтӕ. Сӕрды кӕрӕтты ацы фарстатӕ ӕвӕрд цыдысты "Остелеком"-ы директорты советы уӕнгты раз. Банысан кӕнын хъӕуы реалон ӕмгъуыд, цӕмӕй та ӕхсӕнад мауал смӕсты кӕнӕм", — загъта премьер-министр.
Остелеком, куыд иугӕнӕн фактор
Цхинвалы цӕрджытӕ нымайынц мобилон бастдзинад ӕмӕ уӕлдайдӕр та интернеты лӕггӕдты ӕргътӕ ӕнӕбындуронӕй бӕрзондыл, сӕ гъӕд та ӕвзӕрыл. Остелекомы лӕггӕдты тыххӕй пайдагӕнджытӕ сӕ мӕсты арӕх равдисынц социалон хызӕгты ӕмӕ ӕрвылбонон ныхӕсты, ацы хъуыддаджы республикӕйы цӕрджытӕ сты тынг солидарон.
"Ахӕм бартӕ мын куы уаид, уӕд иу суткӕмӕ феддӕдуар кӕнин компанийы, кӕцы ӕдзӕсгомӕй аразы махыл ӕхцатӕ. Фондз азы размӕ нын тыххæй бахъардта префикс 929 ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмы "стъигъынц". Ӕппӕт дунейы чырон бастдзинады оператортӕ сӕ абоненттӕн хъарынц алыгъуызон пайдаджын опцитӕ. Хуссар Ирӕй дарддӕр интернет никуыуал у зынаргъ æхцондзинад. Ӕрмӕстдӕр ма мах фидӕм интернетӕн ӕртӕ хатты зынаргъдӕр ӕмӕ нын фадат нӕй чысыл видеомӕ дӕр бакӕсын", — дзуры цхинвайлаг Хъазиты Маринӕ.
Компанийы къухдариуӕгадмӕ ӕргътӕ фӕасламдӕр кӕныны домӕнимӕ ӕрсидт ацы азы райдианы парламент дӕр. Сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт ӕмӕ бастдзинады комитеты разамонӕг Тедеты Руслан Sputnik куыд загъта, афтӕмӕй парламентӕн "Остелеком"-ыл ӕндӕвдады мӕцъистӕ нӕй уӕды онг, цалынмӕ не ′скуса бастдзинады фӕдыл закон, кӕцы бындурон фарстатӕй дарддӕр регламент кӕны чырон операторы куыст дӕр. Бастдзинады фӕдыл закон райст ӕрцыд 2015 азы, йӕ финансон ифтонгадӕн хъӕуы 30 милуан сомы, кӕцытӕ нырма нӕй. Уымӕй дарддӕр ма монополистӕн пайда ссисты ноджы цалдӕр факторы.
"Ныр нӕм авд азы нӕ кусы стационарон бастдзинад, нӕй нӕм ӕндӕр оператортӕ, кӕцытӕ Остелекомӕн аразиккой конкуренци. Цалдӕр азы размӕ мах айгӕрстам дӕлзӕхх оптотагон хызӕг. Ацы куыстытӕн рахицӕн ӕрцыд 72 милуан сомы, кӕцытӕй бахардз 36 милуаны. Уый фӕстӕ программӕ ӕрцыд ӕхгӕд, оптотагон хызӕджы куыстытӕ та кӕронмӕ ӕххӕст не ′рцыдысты. Уый куы скусид, уӕд бастдзинадыл не ′мбӕстӕгтӕ хардз кӕниккой ӕртӕ хатты къаддӕр", — загъта Тедеты Руслан.
Парламенты вице-спикер Тасойты Дмитрий нымайы, кӕй ссис чырон оператор "Остелеком"-ы фӕлывд архӕйдтыты амӕттаг ӕмӕ хъавы хъаст бахӕссын Генералон прокуратурӕмӕ компанийы къухдариуӕгады архӕйдтыты фӕдыл.
"Роумингы уӕвгӕйӕ мын нӕ бантыст баланс sim картӕйыл фенын. Уыимӕ иумӕ мын оператор бахъардта интернетӕй спайда кӕнын, цӕй фӕстӕ мӕ баланс ссис минус дӕс мин сомы. Ахъуыды ма кӕнут, цы схемӕйыл кусынц ацы цӕстфӕлдахджытӕ! Ӕз цӕттӕ кӕнын фыстӕг прокуратурӕмӕ ӕмӕ равзӕрстмӕ ӕрбангом кӕндзӕн Уӕрӕсейаг генералон прокуратурӕйы кусджыты дӕр", — загъта Тасойты Дмитрий.
Чи йӕ басгардзӕн?
Sputnik уацхӕссӕг бафӕлвӕрдта сбӕлвырд кӕнын, ӕххӕстбарджын органтӕ "Остелеком"-ы финансон-хӕдзарадон архайды басгӕрст искуы уагътой ӕви нӕ.
Республикӕйы контролон-хыгъдон палатӕйы Sputnik загътой, ахӕм басгӕрстытӕ ведомствӕ "Остелеком"-ы иунӕг хатт дӕр кӕй никуы уагъта. Экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тохы хайады радзырдтой, иунӕг басгӕрст уагъд кӕй цыд дыууӕ азы размӕ ӕмӕ кӕй нӕ агайдта компанийы финансон хай. Ацы къабазы раздӕр чи куыста, уыцы бастдзинады специалист нын анонимон уавӕртыл загъта, компанийы финансон хыгъдты къӕм ссарӕн дӕр кӕй нӕй, уымӕн ӕмӕ ацы документтӕ рацӕуынц ӕрхонгӕ аудитортыл.
Паддзахад анхъӕлмӕ кӕсдзӕн
ӔАӔ "Остелеком"-ы директорты советы Хуссар Ирыстонӕй ис дыууӕ минӕвары — Къӕбысты Георгий ӕмӕ Джиголаты Хасан. Къӕбысты Георгий Sputnik куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй 2010 азӕй фӕстӕмӕ "Остелеком" бафыста 300 милуан сомы фиддонтӕ.
Азы райдианы чырон компанийы раздӕры сӕргълӕууӕг Олег Савчук фехъусын кодта дзыллон информацийы фӕрӕзтӕн, иу sim-картӕ мӕйы мидӕг кӕй хӕссы компанийӕн 570 сомы. Премьер-министримӕ фембӕлды рӕстӕджы компанийы ныры сӕргълӕууӕг Роман Коврига фехъусын кодта, абоны бон "Остелеком"-ы бастдзинады лӕггӕдтӕй кӕй пайда кӕнынц 63 мин абоненты.
Иу цымыдисон факт ма уый у ӕмӕ республикӕйы территорийыл оператор цы рӕстӕг уӕвынад кӕны, уый рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны хицауад, кӕцыйы къухты ис компанийы акциты 25%, иу хатт дӕр нӕма райста дивидендтӕ ӕмӕ сӕ, Ковригӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нӕ райсдзӕн ӕввахс цыппар азы дӕр.
Коврига банысан кодта, компани хицауадӕн кӕй фиддзӕн 25% проценты, кредиттӕ куы бафида ӕмӕ йӕ къӕхтыл куы слӕууа, уӕд.
"Мах хъавыдыстӕм дивидендтӕ фидын райдайын 2018 азмӕ, фӕлӕ нӕ ифтонггарз куы фехӕлд ӕмӕ нӕ ног зынаргъ ифтонггарз ӕлхӕнын кӕй бахъуыд, уый аххосагӕй фиддонтӕ аргъӕвтам 2020 азмӕ", — загъта Коврига ӕмӕ бафтыдта, кредитӕй ма кӕй ис фидинаг 800 милуан сомы.
7 мин адӕймаджы сӕ ныхмӕ
Бастдзинады лӕггӕдты зынаргъ ӕргъты ныхмӕ дыууӕ мӕйы размӕ рацыд фӕсивӕды инициативон къорд. Ацы къорды минӕвар Цхуырбаты Сергейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "фӕсивӕд ӕрӕмбырд кодта авд мин къухфысты операторы тарифты ныхмӕ" ӕмӕ сӕ адӕтта республикӕйы сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонидмӕ.
"Уӕд нын хицауады ныфсытӕ авӕрдтой, 1,5 мӕйы фӕстӕ компани кӕй рацараздзӕн йӕ аргъон политикӕ абонентты пайдайӕн. Хъыгагӕн, ӕвзӕрӕй дарддӕр хорзырдӕм ницы ивындзинӕдтӕ уынӕм — интернеты гъӕд ноджы февзӕрдӕр", — загъта Цхуырбаты Сергей.
Дыццӕджы ацы инициативон къорд ногӕй бахатыд президентмӕ республикӕйы интернет ӕмӕ мобилон бастдзинады лӕггӕдты зынаргъ ӕргъты фарст аскъуыддзаг кӕнын.