Путин йӕ 64-ӕм райгуырӕн бон банысан кӕндзӕн йе ‘ввахс хиуӕтты хсӕн

© Sputnik / Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæПрезидент РФ Владимир Путин во время посещения Центра реинтродукции лошадей Пржевальского
Президент РФ Владимир Путин во время посещения Центра реинтродукции лошадей Пржевальского - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Путинӕн 7 октябрьмӕ ницы официалон мадзӕлттӕ нывӕзт ис, фӕлӕ уый ауадздзӕн цалдӕр телефонон ныхасы, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь.

ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин банысан кӕндзӕн йӕ райгуырӕн бон йе ′ввахс хиуӕтты ӕмӕ ‘мбӕлтты ӕхсӕн, паддзахады сӕргълӕууӕгыл майрӕмбоны сӕххӕст 64 азы.

Президент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Хуссар Ир бӕрзонд аргъ кӕны Путины хайбавӕрдӕн республикӕйы размӕцыды

Уӕрӕсейаг лидеры пресс-секретарь Дмитрий Песков куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Путинӕн 7 октябрьмӕ ницы официалон мадзӕлттӕ нывӕзт ис, фӕлӕ уый ауадздзӕн цалдӕр телефонон ныхасы.

Песков радзырдта журналисттӕн, ацы аз президент кӕй нысан кӕндзӕн йӕ персоналон бӕрӕгбон хиуӕттӕ, хӕстӕджытӕ ӕмӕ ‘мгӕртты ӕхсӕн. Уый банысан кодта, кӕй уыдзӕн "ӕхсӕнадӕмон телефонон ныхӕстӕ, арфӕйы ныхӕстӕ", "уымӕ гӕсгӕ цавӕрдӕр субстантивон фарстытыл уӕддӕр уынаффӕ цӕудзӕн бӕстӕйы сӕргълӕууӕгмӕ".

Фарон йӕ райгуырӕн боны Путин фембӕлд хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгуимӕ ӕмӕ райста хайад хоккейон матчы Сочийы. Уый размӕ аз та уый йӕ райгуырӕн боны райста улӕфт ӕмӕ араст сыбыраг тайгӕмӕ, цы ран йӕхицӕн сарӕзта "фистӕгӕй тезгъойы бон", уый хӕххон бынаты фӕцыд фараст километры бӕрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0