ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон Колыты Аксойы номыл Аивӕдты паддзахадон лицейы ӕххуысӕй 8 октябры ауадздзӕн импровизацигонд вернисаж столицӕйы иууыл рӕсугъддӕр ӕмӕ цхинвайлӕгты иууыл уарзондӕр уынгыл — Октябыры уынгыл.
"Sputnik Октябраг вернисаж"-ы экспонаттӕ суыдзысты лицейы кӕстӕр кълӕсты ахуыргӕнинӕгты аивадон зарисовкӕтӕ ӕмӕ нывгондтӕ фӕззыгон Цхинвалы темӕйыл, кӕцытӕ сӕххӕст кодтой мастер-класты фӕлгӕтты пленеры сӕ хистӕр коллегӕты къухдариуӕгады бын.
Мастер-класс райдайдзӕн 12 сахатыл. Цхинвалы цӕрджытӕн уыдзӕн фадат хайад райсын вернисажы куысты — кӕй фӕнда фӕззыгон ахорӕнты ныв саразын, уыдонӕн ӕвӕрд уыдзӕн стыр мольберт. Хайадисджыты куыстытӕй импровизацигонд равдыст балхынцъ кӕндзӕн мастер-класс.
"Sputnik цы "Октябраг вернисаж" аразы, уымӕй йӕ разы ӕвӕры нысан Хуссар Ирыстоны нывгӕнӕн аивады размӕцыд ӕмӕ популяризаци, республикӕйы сфӕлдыстадон фӕсивӕд рафӕлгъауын ӕмӕ сфӕлдыстадон хъӕппӕристы реализацийӕн фӕзуат саразын", — банысан кодта Информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуӕггӕнӕг Нарек Ордян.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты сайттӕ, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.