Ветерантӕ ссардтой теделеттаг 18 хосдзауы рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Алексей КовалевВетераны Великой Отечественной войны у мемориала в селе Теделет
Ветераны Великой Отечественной войны у мемориала в селе Теделет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветеранты советы уӕнгтӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ 18 хосдзауы цыртмӕ Теделеты хъӕуы, кӕцытӕ 1941 азы ацыдысты фронтмӕ ӕмӕ нал ӕрыздӕхтысты.

ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хуссарирыстойнаг ветерантӕ цыппӕрӕмы бацыдысты Теделеты хъӕуы 18 хосдзауӕн мемориалмӕ, кӕцытӕ 1941 азы ацыдысты фронтмӕ хосгӕрдӕны ӕмӕ нал ӕрыздӕхтысты.

Ацы уӕлхох хъӕуы мемориал ацы аз июны сӕвӕрдтой Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕ бынӕттон цӕрджыты активон ӕххуысӕй.

Sputnik Хуссар Ирыстон сӕвӕрдта цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартӕн Теделеты хъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Теделеттаг 18 хосдзауы номарынæн

Ветерантӕ цырт бабӕрӕг кодтой фыццаг хатт, кӕд ӕмӕ ацы трагикъон историимӕ хорз зонгӕ сты, уӕддӕр, загъта мадзалы организатор, РХИ ветеранты советы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Уалыты Гайоз.

"Мах иууылдӕр хорз зонгӕ стӕм ацы историимӕ, не ′мзӕххонтӕ ацыдысты фронтмӕ ӕмӕ нал ӕрӕздӕхдысты. Кӕд ӕмӕ Советы уӕнгтӕ арӕх бабӕрӕг кӕнынц историкон бынӕттӕ, уӕддӕр Теделеты хъӕуы 18 хосдзауты цыртмӕ мах ӕрбацыдыстӕм фыццаг хатт ", —загъта уый.

Синагуры астӕуккаг скъолайы директор Бестауты Аркадий радзырдта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн 1941 азы цауты тыххӕй.

"Уый у нӕ истори ӕмӕ ӕз дӕн сӕрыстыр, кӕй йӕ нӕ уадзӕм рох кӕнын. Ветерантӕ ахӕм дард фӕндаг кӕй сарӕзтой, уый бирӕйыл дзурӕг у ", — загъта Бестауты Аркадий.

Ветерантӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ мемориалмӕ ӕмӕ фӕмардуӕвӕг фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты рухс нӕмттӕ ссардтой иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ. РХИ уӕвӕг УФ ӔФС арӕнгӕрон управленийы Синагураг хайады салютон къорд сарӕзта цыппархаттон ӕмӕхст.

Хӕсты хайадисӕг Уалыты Зарӕ загъта бузныг балцы организатортӕн ацы мадзалы тыххӕй.

"Ӕз дӕн бузныг, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕй. Ахӕм мадзӕлттӕ хъӕуынц нӕ рӕзгӕ фӕлтӕры, цӕмӕй ма рох кӕной, уыдон фӕрцы кӕй цӕрынц сабыр зӕххыл сыгъдӕг арвы бын", — загъта уый.

Ветерантӕ ма бацыдысты сыхаг хъӕу Хахеты зӕххынкъуысты амӕттӕгтӕ цы бынаты ныгӕд сты, уырдӕм. 1991 азы ӕрдзон бӕллӕх ахаста 41 бынӕттон цӕрӕджы цард.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik сæвæрдта цырт Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджытӕн

Хӕсты хайадисджытӕн сцыт кодтой Синагуры уӕвӕг уӕрӕсейаг арӕнгӕрон управленийы ӕфсӕддон городокы дӕр.

Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ветерантӕн бакодтой зӕрдылдарӕн фыстӕджытӕ ӕмӕ сын сарӕзтой чысыл экскурси.

Информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон ӕрбакодта мемориал Теделеты хъӕуы Стыр Фыбыбӕстӕйон хӕсты райдианыл 75 азы сӕххӕсты бонмӕ.

Мемориал арӕзт у 18 цӕвӕгӕй, кӕцытӕ сты ауыгъд бӕласыл — кæддæр сæ 18 хосдзауы фронтмæ ацыды размæ цы хуызы ныууагътой, афтӕ. Цырты цур ӕвӕрд мемориалон фӕйнӕгыл фыст сты фӕмардуӕвӕг хӕстонты нӕмттӕ. Цырт арӕзт ӕмӕ ӕвӕрд ӕрцыд Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджыты тыхтӕй хъӕуы цӕрджыты активон ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0