Хуссар Ир бацахста дыккаг бынат ӕмбуар хъӕбысхӕстӕй турниры Цхинвалы

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæРукопашный бой
Рукопашный бой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ бацахстой дыккаг бынӕттӕ 55 ӕмӕ 85 кг онг уӕзы категориты. Иннӕ уӕзы категориты дӕр уыдон бацахстой призон бынӕттӕ.

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ рахызтысты дыккаг бынатмӕ командон бахыгъды ӕмбуар хъӕбысхӕстӕй Цхинвалы цы турнир уагъд ӕрцыд, уым.

Мидхъуыддӕгты министрады призтыл ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турнир Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцыд фыццаг хатт. Гауызмӕ рахызтысты командæтæ Уæрæсе, ДАР, ЛАР, Днестргӕрон республикӕ, Узбекистан æмæ Азербайджанæй.

Ерыстӕ ӕрбамбырд кодтой 60 спортсменӕй фылдӕр фараст уӕзы категорийы.

Цхинвалмæ цæуынц ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры командæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалмæ цæуынц ӕмбуар хӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры командæтæ

Финалон тохтӕ уагъд ӕрцыдысты спорты галуан "Олимп"-ы. Хуссариыстойнаг хайадисджытӕ бацахстой фыццаг бынӕттӕ 55 ӕмӕ 85 кг онг уӕзы категориты. Ацы уӕзы уӕлахиз бафтыд Кокойты Ирбег ӕмӕ Хуыгаты Мараты къъухты. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ ма иннӕ уӕзы категориты дӕр бацахстой призон бынӕттӕ.

Мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар сӕрмагонд хорзӕхтӕй сбуц кодта хуссарирыстойнаг Хаситы Зелимы уӕлахизмӕ тырнындзинады тыххӕй ӕмӕ уӕрӕсейаг Нурмухамед Бесланиевы та хуыздӕр техникӕйы тыххӕй.

Командон бахыгъды фыццаг бынат бацахста Уӕрӕсейы Федерацийы командӕ, Хуссар Ирыстон — дыккаг бынат, ӕртыккаг бынат та ДАР-ы командӕ.

Уӕлахиздзауты ӕрмӕст кубоктӕ, майдантӕ ӕмӕ дипломтӕй не ′схорзӕхджын кодтой, фӕлӕ ма ӕхцайы призтӕй дӕр.

Ерыстӕ уагъд цыдысты 8-9 октябры Алина Кабаевайы номыл спорткомплекс "Олимп"-ы. Сӕ организатортӕ ссисты Хуссар Ирыстоны МХМ, Ӕмбуар хъӕбысхӕсты ӕхсӕнадӕмон федераци (HSIF), Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитет ӕмӕ Ӕмбуар хъӕбысхӕсты федераци.

Ног хабӕртты лентӕ
0