Сырх зӕрдӕ пазлтӕй

© Пресс-служба СОГУДонорская акция «Я – донор! И этим помогаю людям!»
Донорская акция «Я – донор! И этим помогаю людям!» - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ЦИПУ студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ сорганизаци кодтой донорон акци, кӕцы адарддӕр уыдзӕн дыууӕ къуыри.

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Болататы Алинӕ. Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты райдыдта рацӕугӕ донорон акци ахӕм девизимӕ "Ӕз — донор! Уымӕй ӕххуыс кӕнын адӕмӕн!"

Акцийы хайадисджытӕ ссисты уӕлдӕр ахуырадон уагдоны студенттӕ, кусджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ. Акци здӕхт у донорон змӕлдмӕ хорз ахаст, афтӕ ма ӕнӕниз цардуаг парахат кӕнын, фехъусын кодта ЦИПУ-ы пресс-службӕ.

Доноры Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæсивæд ӕрбамбал сты ӕхсӕнадӕмон донорон акцимӕ

Акцийы фыццаг хайадисӕг ссис ЦИПУ-ы ректоры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Огойты Алан.

"Мах фӕнд кӕнӕм ЦИПУ-йы акци традицион саразын. Тынг бирӕ сты, туг кӕй фӕнды раттын. Ахӕм акцитӕ хъӕуынц, цӕмӕй ма рох кӕнӕм хӕрзиуӕг тауын. Доноры туг фидӕны баххуыс кӕндзӕн кӕйдӕр цард фервӕзын кӕнынӕн, уый хъуамӕ не ′ппӕтӕй ма уа рохгонд. Донортӕн цы ӕхцатӕ раттынц, уыдон та нӕ фӕнды адӕттын хӕрзаудӕн фондмӕ", — радзырдта ректор.

Акци адарддӕр уыдзӕн дыууӕ къуыри. Фыццаг бон донортӕ ссисты 30 адӕймаджы. Акцийы символ ссис зӕрдӕ пазлтӕй. Акцийы алы хайадисӕг дӕр сахоры сырх ахорӕнӕй иу пазл. Акцийы кӕронмӕ зӕрдӕ уыдзӕн иууылдӕр сырх.

Туджы бархион донорады райрӕзты программӕйы Цӕгат Ир исы хайад 2009 азӕй. Донорон змӕлд республикӕйы территорийыл азӕй азмӕ кӕны фидардӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0