"Иеговистты" нымӕц Хуссар Ирыстоны схызт иу мины онг

© Flickr / AndyБруклинская штаб-квартира Свидетелей Иеговы
Бруклинская штаб-квартира Свидетелей Иеговы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сектантты нымӕц Хуссар Ирыстоны кӕны фылдӕрӕй фылдӕр. Дины хъуыддӕгты фӕдыл ӕххӕстбарджыны хъуыдымӕ гӕсгӕ, законон бындурыл хъӕуы ивар кӕнын, динон сектӕтӕн сӕ хӕдзӕрттӕ арендӕйы чи дӕтты, уыцы ӕмбӕстӕгты.

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фылдӕрӕй фылдӕр кӕны динон сектӕ "Иеговӕйы ӕвдисӕнты" минӕвӕртты нымӕц, радзырдта Sputnik дины хъуыддӕгты фӕдыл ӕххӕстбарджын Хуыбиаты Соня.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд ма цалдӕр азы размӕ дӕр Хуссар Ирыстоны столицӕйы сектӕты адептты нымӕц уыд 600-мӕ ӕввахс, уӕд абон та сӕ нымӕц схызт иу мин адӕймаджы онг.

"Динон сектӕтӕ сӕ архайд фӕактивондӕр кодтой республикӕйы районты. Ныры онг ӕмбырдтӕ уагъд цыдысты фылдӕр Цхинвалӕн йӕхимидӕг", — радзырдта Хуыбиаты Соня.

Динон сектӕтӕ юстицийы министрады регистраци кӕй не ′сты, уый тыххӕй уыдон нӕ бадӕттынц хыгъд сӕ динон архайды фӕдыл.

"Динон сектӕты архайд республикӕйы у ӕнӕзаконон. Тыхон структурӕтӕн иууылдӕр ис бар динон сектӕты ӕмбырдтӕ халын. Уымӕй дарддӕр ма, "иеговисттӕ" рацу-бацу кӕнынц хӕдзӕрттыл ӕмӕ адӕмӕн хъарынц сӕ дин. Адепттӕ парахат кӕнынц сӕ литературӕ, кӕцы дунейы бирӕ бӕстӕты ныридӕгӕн нымад цӕуы экстремистоныл", — радзырдта Хуыбиаты Соня.

Пресс-конференция епископа Аланского и Владикавказского Леонида - Sputnik Хуссар Ирыстон
Епископ Леонид: Хуссар Иры цӕрынц нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Чырыстийы

Уый бафиппайдта, зӕгъгӕ, динон сектӕты мыхуыры фӕрӕзты экстремизм ис уый мидӕг ӕмӕ уым тобӕ ӕвӕрд цӕуы ӕфсады службӕ рацӕуыныл ӕмӕ фыдыбӕстӕ хъахъхъӕныныл. Иеговӕйы ӕвдисӕнтӕ нымадмӕ нӕ исынц туг уадзын ӕмӕ нӕ разы кӕнынц медицинон ӕххуысыл, кӕд сӕ цардӕн тас вӕййы, уӕддӕр.

Се ′мбырдтӕ Иеговӕйы ӕвдисӕнтӕ уадзынц арендӕйы ист бӕстыхӕйтты.

Президенты цур дины хъуыддӕгты фӕдыл ӕххӕстбарджын загъта, парламенты уылты динон организациты законмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн бахаст барастгӕнинаг, кӕцымӕ гӕсгӕ законон бындурыл ивар цӕудзысты, динон сектӕтӕн сӕ хӕдзӕрттӕ арендӕйы чи дӕтты, уыцы ӕмбӕстӕгтӕ. Ивары бӕрц уыдзӕн 50-100 мин сомы.

Хуыбиаты Соня ма загъта, кӕй цӕттӕ кӕны куырдиат прокуратурӕмӕ, цӕмӕй тӕрхондоны уылты динон организациты литературӕ нымад ӕрцӕуа экстремистоныл ӕмӕ йыл ӕрцӕуа ӕвӕрд тобӕ республикӕйы территорийыл йӕ парахат кӕныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0