Битарты Вячеслав снысан кодта Цӕгат Иры хицауады ног уӕнгты

© Sputnik / Александр Астафьев /  Ахизын медиабанкмæГлава Республики Северная Осетия - Алания Вячеслав Битаров
Глава Республики Северная Осетия - Алания Вячеслав Битаров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны хицауадмӕ ӕрбацыдысты ног адӕм, бирӕ чиновниктӕ айстой сӕ разӕфтуантӕ "хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг", сӕ бынӕтты баззайгӕйӕ.

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бахаста кадрон ивындзинӕдтӕ республикон хицауады скондмӕ, хъусын кӕны сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Битарты Вячеслав 18 сентябры официалон ӕгъдауӕй ссис Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг. Уый райста цӕгатрирыстойнаг парламенты 61 депуттатты хъӕлӕстӕй 56.

Здание правительства Северная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
РЦИ-А парламенты комитеттӕ хорзыл банымадтой Тускъаты Таймуразы кандидатурӕ премьеры бынатмӕ

Сӕргълӕууӕджы фӕстаг указтӕм гӕсгӕ, хицауады сӕрдары фыццаг хӕдивӕджы бынаты ӕвӕрд ӕрцыд Сабатхъуаты Ӕхсарбег, вице-премьертӕ ссисты Фадзайты Ӕхсарбег ӕмӕ Анатолий Поляков, Томайты Ирбег ӕмӕ Дзанайты Борис. Фӕстаг ма ӕрлӕудзӕн УФ Президенты цур РХИ-Аланийы иудадзыг минӕварады сӕргъ дӕр.

Цӕрӕн-коммуналон хӕдзарад, ӕртаг ӕмӕ энергетикӕйы министрӕй нысан ӕрцыд Сохъуырты Альберт. Ахуырад ӕмӕ зонады министры бынат бацахста Ирина Азимова, культурӕйы министр — Сикъоты Тимур, националон ахастыты фӕдыл министр — Цуциты Аслан, экономикон райрӕзты министр та ссис Томайты Хъазбег, кӕцы уый размӕ куыста республикӕйы сӕргълӕууӕджы ӕххуысгӕнӕгӕй.

Сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын адарддӕр кӕндзысты арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министр Икъаты Руслан, паддзахадон исад ӕмӕ зӕххы ахастыты министр Тедеты Руслан, афтӕ ма ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Михаил Ратманов.

Хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕгӕджы статусы баззад Исахъты Олег. Ӕрдзон ресурстӕ ӕмӕ экологийы министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй нысан ӕрцыд Мамиты Чермен.

Мыхуыр ӕмӕ дзыллон информацийы хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕргъ ӕрлӕууыд Дзгъойты Ольга, ног арӕзт ведомствӕ — информацион технологитӕ ӕмӕ бастдзинады фӕдыл РЦИ-А управленийы сӕргълӕууӕгӕй та нысан ӕрцыд Дмитрий Шадян.

Ног хабӕртты лентӕ
0