Археолог: Хуссар Иры ис бирæ æнæиртæст цыртдзæвæнтæ

© Sputnik / Цопан ГассиевДом и башня в селе Ерман
Дом и башня в селе Ерман - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Историон зонæдты доктор, археолог Дзаттиаты Руслан нымайы, Хуссар Иры къæхтытæ зонадæн кӕй ратдзысты диссаджы зонæнтæ. Ахуыргонд йæ бирæнымæц экспедициты сæйраг хатдзæгыл нымайы Едысы хъæуы алайнаг уæздæтты деформацигонд сæргæхцты ссард.

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны территорийыл археологтæн ис бирæнымæц æнæиртæст цыртдзæвæнтæ, фехъусын кодта Sputnik историон зонæдты доктор, археолог, РХИ ЗИИ зонадон кусӕг Руслан Дзаттиаты.

Уый бамбарын кодта, археологон иртасæн куыст кӕй домы финансон хæрдзтæ, ӕмӕ, хъыгагæн, экспедицитæ арæх фæкъуылымпы вæййынц финансты хъуагдзинады тыххæй.

"Зæгъæм, фæстаг дыууæ экспедици сорганизаци кодтон мæ пенсийæ", — загъта Дзаттиаты Руслан.

Ацы аз Руслан Георгийы фырт банысан кæндзæн йæ 80 юбилей. Йæ фыццаг экспедицийы та араст ис студент уæвгæйæ. Йӕ ныхæстæм гæсгæ, уый фыццаг архайдта нывгæнæджы хуызы нырма этнографион æмæ стæй та археологон къæхтыты.

Цыкурайы фæрдыг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыкурайы фæрдыг суыдзæн "Æхсæв музейы" сæйраг экспонат

Уый фæстæ бауарзта ацы куыст æмæ бацыд ахуырмæ аспирантурæмæ.

"Афтæ фæцыд мæ зæрдæмæ æмæ мӕ экспедицийы фæстæ бафæндыд ацы куыст кæнын. Ӕрыздæхгæйæ, æз райдыдтон кусын 6-18 æнусты археологийыл, иртæстон мæсгуытæ, зæппадзтæ, кувæндæттæ æмæ уæлмæрдтæ. Ирыстоны кæрæдзийыл тынг баст сты археологи, этнографи æмæ æндæр зонадтæ. Археологон къæхтытæ Хуссар Иры алкæцы районы дæр уыдзысты фæстиуæгджын", — загъта Руслан.

Ахуыргонд йæ бирæнымæц экспедициты сæйраг хатдзæгыл нымайы 6-7 æнусты Едысы хъæуы алайнаг уæздæтты деформацигонд сæргæхцты ссард.

"Ацы темæйы фæдыл ис бирæ литературæ. Алайнаг уæздæттæ иннæтæй хицæн кодтой сæ сæргæхцы формæтæй, уымæн æмæ сын сабийæ сæ сæртæ бастой æмæ сæргæхц фæйнæрдæм нал рæзт, стыр кодта æрмæстдæр дæргъмæ. Уымæ гæсгæ сын уыд бæрзонд ных. Мæнæн уый уыд стыр цау æмæ бирæ рæстæг бæллыдтæн ахæм бæлвырдгæнæн ссарынмӕ", — загъта археолог.

Аипджын сæргæхцты ссард канд аланты традициты æвдисæн нæу, фæлæ ма нысан кæны, Хуссар Иры территорийыл кæй цардысты астæузаманы алантæ.

Ацы æмæ æндæр æрмæг, кæцытæ ссардæуыд Едыс, Тли æмæ Царциаты, фенæн ис Хуссар Иры Национ музейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0