Хуссар Иры пенситӕ фадат нӕ дӕттынц ӕмбырдгӕнӕн хай саразынӕн

© Sputnik / Алексей КовалевДень пожилых
День пожилых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ныллӕг пенситы уавӕрты, пенситы ӕмбырдгӕнӕн системӕйӕн уӕвӕн нӕй. Ленингоры районы пенсиисджытӕ ӕрбахастой Пенсион фондмӕ ӕндӕр аппимӕ листовкӕтӕ.

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны нӕй пенситы ӕмбырдгӕнӕн системӕ, уымӕн ӕмӕ ныллӕг пенситӕ фадат нӕ дӕттынц рахынцӕнтӕ аразын, радзырдта Sputnik Пенсион фонды сӕргълӕууӕг Тасойты Азӕ.

Хуссар Иры фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ

Фӕстаг бонты РХИ пенсион фондмӕ райдыдтой цӕуын пенсиисджытӕ иурæстæгон фиддонтӕ бафидыны куырдиатимӕ. Пенсиисджытӕм фиддонтӕ ӕмбӕлынц, уый сын бауырнын кодтой листовкӕтӕ, кӕцытӕ ӕбӕрӕг адӕм апарахат кодтой Ленингоры районы. Листовкӕтыл мыхуыр ис куырдиат пенсиисджытӕм, уыдонӕн сӕ бон кӕй у ӕрдомын пенсийы ӕмбырдгӕнӕн хайӕ иурӕстӕгон фиддӕн.

Тасойты Азӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, законы уӕрӕсейаг аналогы фӕстӕ цӕуын, цы ран уӕвы пенсийы ӕмбырдгӕнӕн хай, Хуссар Ирыстонӕн фадӕттӕ кӕй нӕй, уымӕн ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Пенсион фондмӕ фӕдзӕхстон фиддонты бӕрц у 22% куыстмызды фондӕй ӕмӕ уым ӕмбырдгӕнӕн хай цӕуы 2 процентӕй 6 проценты онг пенсиисӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ.

"Махӕн нӕ фӕдзӕхстон фиддонтӕ — куыстмызды фондӕй 10% бӕрц ӕмӕ 1% кусӕг фиды йӕхӕдӕг йӕ куыстмыздӕй. Махмӕ минималон пенси у 2 900 сомы ӕмӕ уырдыгӕй ноджы исты фиддонтӕ ӕмбырдгӕнӕн хаймӕ хицӕн кӕнын нӕй гӕнӕн", — загъта Тасойты Азӕ.

Кусгӕ чи кӕны, уыцы пенсиисджыты куыстмыздӕй урӕд цӕуы 1% ӕмӕ, Тасойты Азӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыст цӕуынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны закондӕттынадмӕ гӕсгӕ.

"Кусгӕ чи кӕны, уыцы пенсиисджытӕй дӕр мах уромӕм фиддонтӕ. Уыдон сты республикӕйы кусгӕ ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ исынц мызд. Ӕмбӕлон законмӕ гӕсгӕ, уыдон хъуамӕ хӕссой фиддонтӕ, куыд цыфӕнды ӕндӕр ӕмбӕстаг дӕр, афтӕ", — банысан кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0