Хъармгӕнӕн сезон Цхинвалы сабидӕтты ӕмӕ скъолаты райдайдзӕн 15 октябры

© Sputnik / Ада БагианЗдание первой школы в микрорайоне Московский
Здание первой школы в микрорайоне Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады министрад ӕмӕ Цхинвалы ЦКХ фӕбыцӕу сты хъармгӕнӕн системӕйы райдианыл.

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Хъармгӕнӕн сезон Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдӕтты райдадзӕн 15 октябры, фехъусын кодта Sputnik ахуырады министры хӕдивӕг Лолаты Ӕхсар. Хуссарирыстойнаг стоицӕйы ЦКХ фехъусын кодта ӕндӕр датӕ. Уым дзурынц, горӕты инфраструктурӕйы объекттӕм хъарм кӕй фӕхӕццӕ уыдзӕн иу мӕй фӕстӕдӕр.

"Хъармгӕнӕн сезон ӕрвылаз дӕр райдайы 15 октябры, кӕцыдӕр ахуырадон уагдӕттӕ ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй хъармгӕнӕн системӕ баиу кодтой сентябры кӕрон",- загъта Лолаты Ӕхсар.

Уый банысан кодта, ӕрвылаздӕр ахуырады министрад ног ахуыры азы райдианы ацы фарст кӕй ӕрӕвӕры паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы раз, кӕцы комкоммӕ дзуапп кӕны горӕты горӕты хъармгӕнӕн системӕтӕн.

Таймураз Габараев начальник отдела государственного пожарного надзора - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ: скъолатæ æмæ сабидæттӕн сӕ фылдæр дзуапп нæ дæттынц ӕдасдзинады нормæтæн

Проблемӕты фӕдыл ахуырадон уагдӕтты басгӕрст уадзы горӕты цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады управлени.

Уыимӕ иумӕ, горӕты ЦКХ-ы сӕргълӕууӕг Тыбылты Геннадий загъта Sputnik, горты инфраструктурӕйы объекттӕн хъармгӕнӕн сезон кӕй райдайы 15 октябры нӕ, фӕлӕ 15 ноябры. Ведомствӕйы кусджытӕ ныридӕгӕн уадзынц сгарӕн куыстытӕ горӕты территорийыл уӕвӕг дыууӕ газы хъармгӕнӕн системӕйы дӕр.

Уый ма банысан кодта, хъармгӕнӕн сезоны райдиан ӕмӕ фӕудӕн стабилон рӕстӕг кӕй нӕй, уый баст у боныгъӕдимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0