Премьер: хъӕуккӕгтӕн базары бынаты аргъ хъуамӕ уа символикон

© Sputnik / Алексей КовалевДень пожилых
День пожилых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдӕппӕт базары ис 120 бынаты. Уыдонӕй 30 сты гом, 70 та ӕхгӕд.

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Хъӕууонхӕдзарады продукци чи уадзы, уыдонӕн Цхинвалы центры ног базары бынаты аргъ хъуамӕ уа символикон, загъта Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Хъуылымбегты Доменти.

Цы фӕкӕнӕм нӕ дыргъ ӕмӕ нӕ халсар?

Цхинвалы центры ног базар арӕзт ӕрцыд Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Ӕдӕппӕт базары ис 120 бынаты. Уыдонӕй 30 сты гом, 70 та ӕхгӕд.

"Базармӕ йӕхи продукциимӕ цы хъӕуккон фӕллойгӕнджытӕ ӕрцӕуынц, уыдонӕн бынаты аргъ хъуамӕ уа символикон, науӕд та сӕ бынтондӕр ссӕрибар кӕнын хъӕуы фиддонтӕй", — хъусын кӕны Хъуылымбегты Доментийы ныхӕстӕ РХИ хицауады сайт.

Министрты кабинеты сӕргълӕууӕг бахӕс кодта Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Пухаты Дмитрийӕн ӕххӕстбӕрцӕй бакусын базары эксплуатацийы концепцийыл, "цӕмӕй базарадон объект куса оптималон режимы ӕмӕ базаргӕнджытӕ кусой законон бындурыл".

Ног хабӕртты лентӕ
0