ФХМ разы нӕу Штайнмайеры куырдиатимӕ Хуссар Иры фӕдыл

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства обсуждение строительства Цхинвал
Здание правительства обсуждение строительства Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад фехъусын кодтой, Хуссар Иры территорийыл адӕмаджы бартимӕ уавӕры фӕдыл мифон аргументты ӕнцон кӕй у ныппырх кӕнын цӕстуынгӕ факттӕ ӕмӕ реалондзинадӕй.

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уавӕры фӕдыл немыцаг фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕджы хатдзӕгтӕ бындуриуӕг кӕнынц гуырдзыстойнаг къухдариуӕгады ӕрӕмысӕггӕгтимӕ, кӕцы зыгъуыммæ кæны реалон уавӕр алыгъуызон ӕхсӕнадӕмон фӕзуӕттыл, дзырдӕуы республикӕйы ФХМ-ы официалон комментарийы.

13 октябры ПАСЕ-йы фӕззыгон сессийы пленарон рабадты Германийы ФХМ сӕргълӕууӕг, ОБСЕ-ы ныры сӕрдар Франк-Вальтер Штайнмайер раргом кодта йӕ хъыды Хуссар Иры тыххӕй, адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнын цӕстӕнгасӕй йӕ схуыдта ӕппӕрццаг зонӕ.

Республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр ацы хъусинаг фӕкодта критикӕйы бын.

"Зын бамбарӕн у, цы фӕнды зӕгъын Германийы паддзахадон чиновникы, кӕцы иунӕг хатт дӕр нӕ уыд Хуссар Иры, фӕлӕ бӕрӕг у, Штайнмайеры хатдзӕгтӕ кӕй бындуриуӕг кӕнынц гуырдзыстойнаг къухдариуӕгады ӕрӕмысӕггӕгтыл, кӕцы, уӕрӕх дипломатон фадӕттӕй пайда кӕнгӕйӕ, зыгъуыммæ кæны реалон уавӕр алыгъуызон ӕхсӕнадӕмон фӕзуӕттыл", — нысан кӕнынц хъусинаджы автортӕ.

Дипломатон уагдоны нысан кӕнынц, Хуссар Иры территорийыл адӕмаджы бартимӕ уавӕры фӕдыл мифон аргументтӕ ӕнцон кӕй у ныппырх кӕнын цӕстуынгӕ факттӕ ӕмӕ реалондзинадӕй.

Григорий Карасин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхаз фехъусын кодтой, Гуырдзыстон сӕ кӕй фӕлвары изоляци кæнын

Фыццаджыдӕр ФХМ-ы банысан кодтой, Хуссар Ирыстон кӕй у нымад хӕдбар паддзахад, йе ‘мбӕстӕгтӕ сты РХИ Конституцийы хъахъхъӕнынады бын, кӕцы дӕтты гаранти йӕ территорийыл цӕрӕг ӕмбӕстӕгты бартӕ ӕмӕ сӕрибардзынадӕн.

Гуырдзыстойнаг фарс арӕх кӕй хъусын кӕны арӕнгӕрон зонӕйы цӕрджыты бартӕ халыны тыххӕй, уый ФХМ-ы схуыдтой сӕрмагонд политикон амбицитӕ сӕххӕст кӕныны флварӕнтӕ.

"Ацы ныхӕстӕ не ′сты регионы цӕрджытыл аудындзинады нысан. Хуыздӕр уаид, политикон реалондзинадимӕ разыдзинад равдисын ӕмӕ хуссарирыстойнаг къухдариуӕгады хъӕппӕрис хорзыл банымайын, кӕцы ӕнхъары арӕнты хаххы делимитацийы фарстытыл иумӕгайӕй бакусын", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны ФХМ радон хатт фехъусын кодта, кӕй у цӕттӕ комкоммӕ конструктивон диалогмӕ ӕхсӕнадӕмон структурӕтимӕ, уый ӕмрӕстӕджы ма бахахх кодта, бӕстӕйы территоримӕ бацыд кӕй ис бынӕттон закондӕттынады бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0