Конфликты рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг фехста йӕ раздӕры сиахсы

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæАвтомобиль полиции. Архивное фото
Автомобиль полиции. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг йе ′мбӕлттимӕ фӕнадта ӕмӕ хӕцӕнгарзӕй фехста йӕ раздӕры сиахсы. Зианбаййафӕджы раздӕры хӕстӕг фыдракӕнды фӕстӕ йӕхи бааууон кодта барадхъахъхъӕнӕг органтӕй.

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг полицийы кусджытӕ ӕрцахстой нӕлгоймаджы, кӕцы йе ′мбӕлттимӕ фӕнадта ӕмӕ хӕцӕнгарзӕй фехста йӕ раздӕры сиахсы, хъусын кӕны республикон МХМ.

"Зианбаййафӕджы цалдӕр боны размӕ фӕхӕццӕ кодтой республикон клиникон рынчындонмӕ. Уымӕн разындысты хӕцӕнгарзӕй ӕхст йе ′уӕхск, сӕр ӕмӕ буар та цӕфтӕ", — дзырдӕуы МХМ-ы хъусинаджы.

Цауы бынатмӕ ӕрбацӕуӕг полицийы кусджытӕ сбӕлвырд кодтой фыдгӕнӕджы гоймагдзинад. Уый разынд зианбаййафӕджы раздӕры цардӕмбалы ӕфсымӕр. Рабӕрӕг, саразгӕ фыдракӕндӕн кӕй развӕд кодта конфликт, кӕцы сӕвзӕрд нӕлгоймӕгты хсӕн.

Хъуыддаг ӕвзарынмӕ нӕлгоймаг иунӕгӕй нӕ бацыд, фӕлӕ йе ′мбӕлттимӕ. Ӕрыгон лӕппуйӕн байстой йӕ машинӕ, йӕхи йын фыднад фӕкодтой, куы бафӕлвӕрдта алидзын, уӕд та йӕ хӕцӕнгарзӕй фехстой.

Фыдгӕнӕг цауы фӕстӕ йӕхи бааууон кодта барадхъахъхъӕнӕг органтӕй. Уый ссардтой ӕртӕ суткӕйы фӕстӕ Октябыры хъӕуы. Нӕлгоймаг радта револьвер, кӕцыйӕ фехста зианбаййафӕджы. Ныртӕккӕ бӕлвырд цӕуынц цауы хайадисӕг адӕм. Дзырд цӕуы уголовон хъуыддаг бакӕныны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0