Цӕгат Ирыстоны экс-прокуроры чызгӕн рахастӕуыд зылыны тӕрхон

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæАвтомобиль следственного комитета (СК) РФ
Автомобиль следственного комитета (СК) РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
28-аздзыд Кумехова Камиллайы аххосджын кӕнынц хицауады минӕвары ныхмӕ тыхайхард саразынӕй ӕртхъирӕны хъуыддаджы.

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг сылгоймагӕн рахастӕуыд ӕлхынцъон тӕрхон УФ УК 318 статьяйы 1 хаймӕ гӕсгӕ фыдракӕнд саразыны тыххӕй (хицауады минӕвары ныхмӕ тыхайхард саразынӕй ӕртхъирӕны хъуыддаджы), хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны слестгӕнӕн комитеты пресс-службӕ.

Нӕргӕ хабар ссис республикӕйы ӕхсӕнады ӕхсӕн уынаффӕты предмет.

Автомобиль полиции. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Конфликты рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг фехста йӕ раздӕры сиахсы

1 майы Дзӕуджыхъӕуы, ФПС кусджытӕ ӕрлӕууын кодтой машинӕ "Тойота" бынӕттон цӕрӕгимӕ рулыл. Басгӕрсты рӕстӕджы нӕлгоймагмӕ нӕ разынд документтӕ транспортӕн фӕрӕз скъӕрыны бартимӕ, йӕхӕдӕг та уыд нозтджын. Полицийы кусджытӕ аскъуыддзаг кодтой шофыры полицийы горӕттаг хайадмӕ фӕхӕццӕ кӕнын дарддӕры равзӕрсты тыххӕй, автомашинӕ та сӕрмагонд лӕууӕндонмӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Фӕлӕ машинӕйы цы дыууӕ чызджы бадтысты, уыдон полицийы кусджыты домӕнимӕ не ′сразы сты, сӕ иу — 28-аздзыд Камилла Кумехова — фелвӕста кард ӕмӕ райдыдта ӕртхъирӕн кӕнын хицауады минӕвары ныхмӕ тыхархайд саразынӕй.

Хъуыддагӕн резонанс радта уыцы факт ӕмӕ Кумехова кӕй у экс-прокуроры чызг.

Ныртӕккӕ уголовон хъуыддаджы равзӕрст дарддӕр кӕны. Уӕрӕсейы слестгӕнӕн комитет уадзы слестгӕнӕн мадзӕлттӕ, кӕцытӕ здӕхт сты бӕлвырдгӕгӕн базӕ сфидар кӕнынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0