ӔОК нӕ байсдзӕн Къудухты Бесикы 2012 азы Олимпиадӕйы ӕвзист майдан

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæБесик Кудухов
Бесик Кудухов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстойнаг богалы фӕдыл равзӕрст, кӕцы фӕмард 2013 азы аварийы рӕстӕджы, ӕрцыд ӕхгӕд. Лондоны цы ӕвзист майдан рамбылдта, уый баззайдзӕн йӕ хорзӕхты ӕхсӕн.

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. ӔОК (Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитет) нӕ фӕцух кӕндзӕн 2012 азы Олимпиадӕйы ӕвзист майданӕй уӕрӕсейаг хъӕбысӕйхӕцӕг Къудухты Бесикы, кӕцы фӕмард 2013 азы аварийы рӕстӕджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта, Уӕрӕсейы спортивон хъӕбысхӕсты федерацийы фыццаг вице-президент Георгий Брюсов.

ОИ - 2012. Вольная борьба. Мужчины. Второй день - Sputnik Хуссар Ирыстон
Индиаг богал фехъусын кодта, кӕй нӕ райсдзӕн Къудухты Бесикы майдан

Къудухты Бесик Лондоны олимпиадӕйы рамбылдта ӕвзист майдан уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ерысты 60 кг онг уӕзы категорийы. Августы газет Indian Express фехъусын кодта, индиаг богал Йогешвар Дуатт кӕй райсдзӕн Лондоны ацӕугӕ Олимпиаг хъӕзтыты-2012 ӕвзист майдан, уӕрӕсейаг богал Къудухты Бесикы допинг-тест ног басгӕрсты фӕстӕ ӕвӕрццаг фӕстиуӕг кӕд равдиса, уӕд.

ӔОК (Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитет) нӕ бафидар кодта Къудухты Бесикы ӕрдыгӕй допингы ныхмӕ уагӕвӕрд фехалыны факт.

"ӔОК нӕ фӕцух кӕндзӕн Къудухты Бесикы 2012 азы Лондоны олимпиаг ӕвзист майданӕй. Уӕрӕсейаг богалы фӕдыл равзӕрст, кӕцы фӕмард 2013 азы аварийы рӕстӕджы, ӕрцыд ӕхгӕд", — загъта Брюсов.

Къудухты Бесик райгуырд Хуссар Ирыстоны. У 2008 азы Пекины олимпиадæйы бронзæйон призер, 2012 азы Лондоны олимпиаг хъæзтыты æвзист майданы хицау, дунейы цыппар хатты чемпион, Европæйы чемпион æмæ Уæрæсейы фондз хатты уæлахиздзау.

Къудухты Бесикы ном хæссы Хусссар Ирыстоны Ленингоры поселочы уынг.

Ног хабӕртты лентӕ
0