Ӕвдисӕнтӕ: УА сӕргълӕууӕджы фехсыны размӕ азымгонд горӕты уынгты цыд ӕхсгӕ

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæПоследствия вооруженного столкновения в районе села Карловка Донецкой области
Последствия вооруженного столкновения в районе села Карловка Донецкой области - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабаты райсомӕй Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон службӕгӕнӕг бафӕлвӕрдта фехсын РХИ Мидхъуыддӕгты министрады уголовон агуырды сӕргълӕууӕджы. Фыдгӕнӕджы ӕрцахстой цауы бынаты, МХМ кусӕг ницы зиан баййӕфта.

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Мидхъуыддӕгты министрады уголовон агуырды сӕргълӕууӕг Медойты Таймуразы фехсысны размӕ ацы фыдракӕнды азымгонды фендӕуыд Цхинвалы цалдӕр районы, цыран уый хӕцӕнгарзӕй ӕхста уӕлдӕфы.

Мвд - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ: уголовон агуырды сӕргълӕууӕг никуы куыста йӕ фехсӕджы хъуыддагыл

Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон службӕгӕнӕг Хацырты Таймураз 22 октябры Ярыгины пистолетӕй ӕртӕ хатт фехста уголовон агуырды сӕргълӕууӕг Медойты Таймуразы. Ацы хабар уайтагъддӕр айхъуыст ӕнӕхъӕн Цхинвалыл, фыдракӕндӕн уыд стыр резонанс ӕхсӕнады.

"Райсом раджы, авд сахатмӕ ӕввахс, Хацырты Таймураз йӕ машинӕйыл бацыд, Мамсырайы фырты уынгыл цы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ ис, уыдонӕй иуы цурмӕ ӕмӕ дыууӕ хатты фӕхста уӕлдӕфы", — радзырдта Sputnik бынӕттон цӕрӕг.

Цхинвалы иннӕ цӕрӕг та фехъусын кодта, райсом раджы кӕй федта Хацыры фырты Тасойты Иналы уынгыл — уый аскъӕрдта тынг тагъд, цӕугӕ-цӕуын уӕлдӕфмӕ ӕхсгӕйӕ. Йӕ машинӕйӕ ма тынг хъӕрӕй хъуыст музыкӕ дӕр.

Генералон прокуратурӕйы версимӕ гӕсгӕ, кӕцы цауы фӕдыл бакодта уголовон хъуыддаг "фыдракӕнд баст у Медойты Таймуразы профессионалон архайдимӕ.

Ныртӕккӕ азымгонд Хацырты Таймураз ис Хуссар Ирыстоны МХМ рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы.

Ног хабӕртты лентӕ
0