Прокуратурӕ сгары хӕдзар аразджыты ӕрдыгӕй 50 милуан сомы адавд Цхинвалы

© Sputnik / Мария КотаеваДом на ул.Героев 118
Дом на ул.Героев 118 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъайтарты уынгыл цы ныппырхгонд бирӕфатерон хӕдзар ис, уый сцалцӕг кӕныныл 2013 азы 13 милуан сомӕй фылдӕр нӕ бахардз, афтӕмӕй та нардуатисӕг хыгъд радта 65 милуан сомы фӕдыл. Ныр ацы хъуыддаг ӕвзӕрст цӕуы Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕйы.

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Генералон прокуратурӕ сгары арӕзтадон организаци "Руслан"-ы, кӕцы 2009 азы райста нардуат Хъайтарты уынгыл 118-ӕм хӕдзар сцалцӕг кӕныны фӕдыл.

Афӕдз раздӕр ацы фондзуӕладзыгон хӕдзар тынг пырхытӕ райста гуырдзиаг танктӕ ӕмӕ артиллерийы ӕхстӕй. Пырхытӕ балкъӕтты хызхасттӕ ӕрзӕбултӕ сты, бетонӕй плитӕтӕ ӕркъул сты быннаг цӕрӕн уӕладзгуытыл. Хӕдзары систыл бӕрӕгӕй зынынц алы хуыз ӕмӕ калибр хӕцӕнгарызы ӕхстыты фӕдтӕ. Уӕлдӕр уӕладзгуыты систӕ сты стыр хъуынчъытӕ.

"Уыдон танктӕй ӕхстой", — дзурынц цӕрджытӕ.

Фӕрсаг систӕй иуыл сӕмбӕлд "Град"-ы нӕмыг. Сыгъд фатертӕй иу сцалцӕг кодтой хицӕуттӕ сӕхӕдӕг, фӕлӕ сын сӕ хӕрдзтӕ ничи бамбӕрзта, кӕд ӕмӕ 2009 азы ацы хӕдзар сцалцӕг кӕнынӕн 65 милуан сомы бӕрц рахицӕн ӕрцыд, уӕддӕр. Ацы хӕдзары цӕрджытӕ бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кастысты, хицауад сын ног хӕдзар кӕй сараздзӕн ӕрдӕгпырхытӕ хӕдзары бӕсты.

Хъайтарты уынджы 118-ӕм хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтарты уынджы 118-ӕм хӕдзары цӕрджытӕ ӕхсӕвӕй- бонӕй цӕрынц тасы бын

2009 азы пырхытӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзар цалцӕг кӕныныл куыста арӕзтадон фирмӕ "Руслан" сӕндидзӕны проекттӕ реализацийы фӕдыл комитетимӕ бафыстгонд бадзырды бындурыл.

Аразджытӕ раивтой ацы хӕдзары агъуыст, рудзгуытӕ. Уый ӕмрӕстӕджы, организаци комитетмӕ бавдыста ацы объектыл бакӕнгӕ куыстыты фӕдыл 64 588 492 сомы бӕрц акттӕ.

Генералон прокуратурӕйы Sputnik радзырдтой, фирмӕ "Руслан"-ы ӕрдыгӕй бакӕнгӕ куыстыты дырыс гуырахст сбӕлвырд кӕныны фӕдыл, Хъайтарты уынгыл уагъд кӕй ӕрцыдысты контролон барстытӕ. Сӕ фӕстиуджытӕ равдыстой, бакӕнгӕ куыстыты гуырахст аразджытӕ кӕй фӕфылдӕр кодтой 50 милуан 896 мин сомы бӕрц.

"Генералон прокуратурӕ кусы ӕнӕзаконон амалиуӕгадон архайды, хӕслӕвӕрдтӕ нӕсӕххӕсты ӕмӕ кусӕгон барты сӕрыл ахызты фӕдыл уголовон хъуыддагыл организаци "Руслан"-ы басгӕрсты ӕрмӕджытӕм гӕсгӕ", — радзырдтой генералон прокуратурӕйы.

Кӕд ӕмӕ ис бирӕ уӕрӕсейаг экспертты хатдзӕгтӕ, хӕдзар кӕй нӕ бӕззы цӕрынӕн, уӕддӕр уым ныры онг дӕр ис цӕрджытӕ. Августы агрессийы рӕстӕджы сӕ хӕдзӕрттӕ ӕнӕхъӕнӕй цы цӕрджытӕн ныппырх сты, уыдон нырма дӕр не ′рыздӕхтысты сӕ хӕдзӕрттӕм. Иутӕ дзы цӕрынмӕ ацыдысты хъӕутӕм, иннӕтӕ цӕрынц сӕ хӕстӕджытӕм, ис дзы ахӕмтӕ, арендӕйы ист хӕдзӕртты чи цӕры.

Журналисттӕ ӕмӕ камерӕ бынӕттон цӕрджытӕм ӕвзарын кӕнынц мӕстыйы ӕнкъарӕнтӕ.

"Рацу-бацу кӕнут ам, цыдӕртӕ исут, фӕлӕ ницы ивы. Ӕрдӕгпырх мӕнгагъуысты куыд цардыстӕм, афтӕ цӕрдзыстӕм. Никӕй ӕдавы ӕппындӕр нӕ хъуыддаг", — хъуыр-хъуыр кӕны нӕ фӕрсты цӕуӕг ацӕргӕ нӕлгоймаг.

Уайтагъд дыккаг уӕладзыджы балкъонӕй ӕрдзырдта ноджы иу цӕрӕг.

© Sputnik / Мария КотаеваХъайтарты уынгыл 118-ӕм хӕдзары пырх фатертӕй иу
Хъайтарты уынгыл 118-ӕм хӕдзары пырх фатертӕй иу - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Хъайтарты уынгыл 118-ӕм хӕдзары пырх фатертӕй иу
© Sputnik / Мария КотаеваХъайтарты уынгыл 118-ӕм хӕдзары пырх фатертӕй иу
Хъайтарты уынгыл 118-ӕм хӕдзары пырх фатертӕй иу - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Хъайтарты уынгыл 118-ӕм хӕдзары пырх фатертӕй иу
1/2
Хъайтарты уынгыл 118-ӕм хӕдзары пырх фатертӕй иу
2/2
Хъайтарты уынгыл 118-ӕм хӕдзары пырх фатертӕй иу

"Голливуды иу актерӕн дӕр уыйас къамтӕ нӕй, мах корпусӕн дзы цас ис. Нӕ хӕдзар у стъалы", — дзуры нӕлгоймаг ӕмӕ куыддӕр тамако бадымдта, афтӕ баздӕхт хӕдзармӕ.

Журналистты фарстӕн, куыд у цӕрын пырхытӕ хӕдзары, зӕгъгӕ, ницы дзуапп кӕны — ома журналисттӕ ӕмӕ хицауадимӕ ныхӕстӕй пайда ницы ис.

Цыппӕрӕм уӕладзыгыл цӕрӕг Тедеты Эльвирӕ бамбарын кодта, цӕрджытӕ кӕй сты мӕсты ӕмӕ никӕуыл ӕууӕндынц.

"Уырнгӕ дӕр уӕ нӕ бакӕндзӕн, мах цас куырдиӕттӕ фӕфыстам ӕмӕ ма сӕ цы инстанцтӕм нӕ бахастам — президент, парламент, арӕзтады министрад, мэрия, алыгъуызон хӕдивджытӕ ӕмӕ ӕххуысгӕнджытӕм. Алчидӕр сӕ цыдӕр ныфсытӕ ӕвӕры, афтӕмӕй та авд азы мидӕг хъуыддаг йӕ бынатӕй нӕ фезмӕлыд. Иудадзыг нӕм цӕуынц алыгъуызон къамистӕ, цыдӕртӕ сбарынц, уынаффӕ кӕнынц, нымайынц — бацин кӕнӕм, фӕлӕ та ӕнӕхъуаджы", — дзуры сылгоймаг.

Къӕвда бонты Эльвирӕ ӕвӕры тастӕ верандӕйыл. Йӕ балкъон ныппырх хӕсты рӕстӕджы сармадзанӕй — баззад ма ӕрмӕст балкъоны дуар, кӕцыйы хуынчъытӕй дон кӕлы мидӕмӕ.

7 лет спустя - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал 2008 азы ӕмӕ авд азы фӕстӕ

"Сӕрды тӕрккъӕвдаты рӕстӕджы дон афтӕ тынг калд балкъоны дуарӕй ӕмӕ тастӕ ивын нал фӕрӕзтон. Уый фӕстӕ сыхӕгтӕй ракуырдтон целлофан, схызтӕн фӕндзӕм уӕладзыгмӕ — уым фатер у пырх ӕмӕ бафӕлвӕрдтон целлофан афтӕ бафидар кӕнын, цӕмӕй дон лӕдӕрса мӕ дуары фӕрсты. Фӕлӕ уый дӕр ницы баххуыс", — дзуры уый.

Уӕллаг уӕладзгуытыл бирӕ фатертӕ сты афтид. Сӕ систы ис стыр хуынчъытӕ — стыркъалиброн хӕцӕнгарзы ӕхстытӕй. Зымӕг уырдӕм уары мит, къӕвда бонты дзы ӕмбырд кӕны дон ӕмӕ уыдон та стӕй лӕдӕрсынц сӕ бынмӕ уӕладзгуытӕм.

"Кӕцы аз махӕн нӕ бон нӕу нӕ фатертӕ сцалцӕг кӕнын. Акӕсут ма — фӕйнӕрдыгӕй систӕ сты пырх. Къӕвда ӕмӕ мит ӕрӕмбырд вӕййынц уӕллаг уӕладзгуытыл ӕмӕ стӕй сӕ дон ӕрлӕдӕрсы нӕ къултыл. Зӕгъгӕ нын ӕй уӕддӕр куы кӕниккой, цы нын хъавынц аразын нӕ хӕдзаримӕ — пырх ӕй кӕндзысты ӕмӕ цалцӕг, цӕмӕй нӕ бон базонӕм ӕмӕ истытӕ кӕниккам", — хъаст кӕны ацы хӕдзары цӕрӕг Маринӕ.

Прокуратурӕйы нын куыд загътой, афтӕмӕй ныртӕккӕ нысан ӕрцыд "Руслан"-ы финансон —хӕдзарадон архайды басгӕрст, афтӕ ма бӕлвырд цӕуынц гоймӕгтӕ, кӕцытӕ ӕххӕст кодтой куыстытӕ ацы объектыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0