"Цкъайы фырты хъуыддаджы" фӕдыл полицӕйагтӕн бавдыстой ӕлхынцъон дау

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæСотрудник правоохранительных органов у здания Главного следственного управления Следственного комитета РФ по Москве
Сотрудник правоохранительных органов у здания Главного следственного управления Следственного комитета РФ по Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полицӕйагтӕн бавдыстӕуыд зылынгӕнӕн тӕрхон къорд статьятӕм гӕсгӕ, се хсӕн - "кусӕгон бартӕй фыдархайд кӕнын тыхӕй ӕмӕ сӕрмагонд фӕрӕзтӕй спайдагӕнгӕйӕ, кӕцы сӕ фӕстӕ асайдта ахӕсты ӕнӕниздзинадӕн стыр зиан ӕмӕ йӕ мӕлӕт".

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik. Слестгӕнджытӕ бавдыстой ӕлхынцъон зылынгӕнӕн тӕрхон Дзӕуджыхъӕуы полицӕйы уголовон агуырды хайады сӕргълӕууӕг ӕмӕ аст кусӕгӕн Цкъаты Владимиры амӕлӕты фӕстӕ, хъусын кӕны Цӕгат Иры слестгӕнӕн комитет.

Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, 2015 азы 31 октябры 13:47 сахатыл Дзæуджыхъæуы полицийы хайадтæй иумæ баконд æрцыд 39-аздзыд Цкъаты Владимир, цыран йемæ куыстой фæдагурæн хайады оперативон кусджытæ. 1 ноябры æхсæвы нæлгоймаг уадзыгæй бахаудта Дзæуджыхъæуы республикон клиникон рынчындонмæ ӕмӕ амард реанимацион хайады.

Автомобиль следственного комитета СК РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Цкъайы хъуыддаджы фӕдыл" ӕртӕ азымгонды ссӕрибар сты ацӕуыны бартӕ байстимӕ

"Хайады сӕргълӕууӕг ӕмӕ аст кусӕгӕн…уыдонӕй алкӕцыйы роль дӕр хынцгӕйӕ, зылынджын цӕуынц фыдракӕнд саразыны хъуыддаджы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Нысан ӕрцыд, фондз полицӕйаджы зылын кӕй цӕуынц "кусӕгон барты сӕрты ахизыны" хъуыддаджы, хайады гӕсы та аххрсджын кӕнынц "кусӕгон барты сӕрты ахизыны" ӕмӕ "кусӕгон бартӕй фыдархайд кӕнын тыхӕй спайдагӕнгӕйӕ" хъуыддӕгты.

Ноджы ма ӕртӕ полицӕйагӕн бавдыстой зылынгӕнӕн тӕрхон ахӕм фыдракӕнды, куыд "кусӕгон бартӕй фыдархайд кӕнын тыхӕй ӕмӕ сӕрмагонд фӕрӕзтӕй спайдагӕнгӕйӕ, кӕцы сӕ фӕстӕ асайдта ӕнӕниздзинадӕн стыр зиан ӕмӕ мӕлӕт".

Хъусинаджы ма дзырдӕуы, аххосджынтӕй иу кӕй ӕххуыс кодта фӕдагуырдӕн ӕмӕ активонӕй ахъаз кодта ацы фыдракӕнд раргом кӕнынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0