ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Лев Кузнецов бабӕрӕг кодта арӕзтцӕуӕг объекттӕ Цхинвалы.
Фыццаг мит Цхинвалы арӕзтадон фӕзуӕттӕ фестын кодта лæхъир цъыф. Фӕлӕ уый ницы бахъыгдардта Кузнецовы азилын арӕзтӕдтыл иууылдӕр, ног фатертӕм бацӕуын, басгарын систы ахорсты гъӕд, хӕдаразгӕ асинтыл арӕзтадон фӕзуӕттӕм схизын ӕмӕ лӕмбынӕг басгарын бакӕнгӕ куыстыты гъӕд.
Бирӕпрофилон колледжы ног агъуыст ныридӕгӕн цӕттӕ у эксплуатацимӕ. Ахуырадон уагдоны ӕвӕрд ис ног ифтонггарз. Лев Кузнецов ссардта ӕмӕ равдыста арӕзтады рӕстӕджы баззайгӕ хъӕндзинӕдтӕ.
"Нӕ къух сисыл куы ауадзӕм, уӕд ахорӕн аззайы ӕнгуылдзтыл. Курӕг уӕ дӕн, сисут ӕй ӕмӕ йӕ бамбӕрзут ӕмбӕлон ахорӕнӕй. Спортивон залы бетонӕй пол сойджын ахорæнтæй сӕрдыны бӕсты хуыздӕр уаид нырыккон тӕнгъӕд полтӕ ныккалын, уӕд рауайы лӕгъз. Бацӕуӕны дон лӕдӕрсы. Аиуварс сӕ кӕнут. Мӕ иннӕ балцы рӕстӕджы ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ алцыдӕр нывыл куыд уа. Уӕ сывӕллӕттӕн арӕзт цӕуынц. Республикӕ чысыл у ӕмӕ алчидӕ алцыдӕр уыны", — загъта Кузнецов аразджытӕн.
Колледжы директорӕн уый сарӕзта рекомендаци, цӕмӕй лӕмбынӕгдӕр йӕ хъус дара аразджытӕм. Уый ма ауагъта консультацитӕ ахуырады министримӕ, цӕмӕй ахуыргӕнджытӕ ‘рвыст цӕуой квалификаци фӕбӕрзондӕр кӕныны курсытӕм ӕмӕ фӕсивӕдӕн лӕвӕрд цӕуой нырыккон зонындзинӕдтӕ техникон професситы.
Дзулфыцӕн комбинаты Кузнецов банысан кодта, йӕ размӕ визитӕй фӕстӕмӕ ацы объекты арӕзтады кӕй ис динамикӕ.
"Нырма райгонд нӕ дӕн, фӕлӕ ныридӕгӕн зыны, суинаг завод цыхуызӕн уыдзӕн, ацы объекты арӕзтады ис динамикӕ", — загъта уый.
Аразджытӕ радзырдтой уӕрӕсейаг министрӕн, заводы ныридӕгӕн кӕй ӕрцыд ӕвӕрд ног ифтонгграз, кӕцы ратдзӕн фадат сахаты мидӕг 3240 дзул уадзынӕн. Баззад ма сӕххӕст кӕнын ӕрмӕст цавӕрдӕр хӕрзарӕзтадон куыстытӕ.
Университетон комплексы нардуатисджытӕн бантыст министры зӕрдӕ балхӕнын куыстыты хорз темптӕй. Кузнецовы ӕрцыдмӕ уыдон бацӕттӕ кодтой куыстыты схемӕ, кӕцы бӕрӕгӕй ӕвдисы бакӕнгӕ гуырахст ӕмӕ ма цы баззад саразын, уый.
Бакӕнгӕ куыстыты график кусджытӕ бакодтой университеты кӕрты стендыл. Кусджытӕ ныфс бавӕрдтой министрӕн, арӕзтады финанстимӕ кӕй ницы проблемӕтӕ ис.
"Алцыдӕр цӕуы нывӕзтмӕ гӕсгӕ. Арӕзтадон куыстыты ӕмрӕстӕджы мах уадзӕм коммуникацитӕ дӕр, арӕзт ӕрцыд электрикӕ, тӕвд дон. Нӕ уӕ фӕсайдзыстӕм", — загъта нардуатисӕг.
Иннӕ объектыл азылды рӕстӕджы та Кузнецов равдыста дызӕрдыгдзинад, паддзахадон драмон театр ӕмӕ цалдӕр цӕрӕн корпусты арӕзтад кӕронмӕ кӕй бахӕццӕ уыдзӕн снысангонд ӕмгъуыдмӕ.
"Цӕмӕй цӕрӕн хӕдзӕртты арӕзтад кӕронмӕ бахӕццӕ уа снысангонд ӕмгъуыдмӕ, уый тыххӕй хъӕуы фӕфылдӕр кӕнын кусӕгон тыхтӕ. Акӕсут ма, цас уӕлдӕр хизӕм уӕладзгытыл, уас ӕмбӕлӕм къаддӕр нымӕц кусджытыл", — загъта министр арӕзтадон объекттӕй иуыл.
Хъайтарты уынгыл арӕзтадон объекттыл, цы ран арӕзт цӕуынц бирӕфатерон хӕдзӕрттӕ, Кузнецов фӕкодта критикӕйы бын куысты темптӕ, суанг уый онг ӕмӕ бартхъирӕн кодта контракт фехалынӕй. Уый загъта, Уӕрӕсейы бюджетӕй дарддӕр ӕхца кӕй рахицӕн кӕндзысты ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ, фирмӕ куы ӕрбавдиса бакӕнгӕ куыстыты бӕлвырд гуырахст.
"Уӕ аванстӕ куы сӕхгӕнат, уӕд уын ӕхца фидын райдайдзыстӕм ӕрмӕстдӕр бакӕнгӕ кустыты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ. Уымӕн ӕмӕ дарддӕр нӕ бон нал у уӕ фӕлывд ныхӕстӕм хъусын. Контрактмӕ баххӕстгӕнинӕгтыл къухӕрфысты фӕстӕ мах рацараздзыстӕм ӕмгуыстады хуыз афтӕ, цӕмӕй йӕ цыфӕнды уысм дӕр нӕ бон уа фехалын. Ацы объектыл лӕгъстӕ никӕмӕн уал кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ мауал аразут уӕ ӕнӕсӕрӕндзинады амӕттӕгтӕ", — загъта Кузнецов нардуатисӕгӕн.
Паддзахадон драмтеатры арӕзтады фӕдыл та Кузнецов банысан кодта, йӕ фӕстаг визитӕй фӕстӕмӕ ацы объекты фасады куыстыты бирӕ кӕй ницы фӕивта, фӕлӕ йын нардуатисӕг бавӕрдта ныфс, ног къуырийӕ хӕрзарӕзтадон куыстытӕ кӕй райдайдзысты ӕххӕст кӕнын 110 кусӕджы.
Арӕзтады фӕдыл бӕрнон кусджыты зӕрдыл Кузнецов ӕрлӕууын кодта, Ӕхсӕнхицауадон къамисы радон рабадт, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн декабры райдианы, кӕй балхынцъ кӕндзӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ.